«Омега»-йы цалцæг кæндзысты æфсæддон техникæ
Æфсæддон техникæ цалцæггæнæн куыстуат «Омега» Дзæуджыхъæуы 2020-æм азы йæхимæ хæс райсдзæн 200 милуан сомы аргъæн. Уый тыххæй агентад ТАСС-æн фехъусын кодта Цæгат Ирыстоны промышленность æмæ транспорты министр Хайдарбек Бутов. Æнæххæстбарджын æхсæнад «Омега»-йы ныртæккæ фæллой кæны 70 адæймаджы, 2020-æм азмæ ма сыл иу уыйбæрц бафтдзæн. Куыстуаты уæлæмхасæн бынæттæ саразын баст у стыр æфсæддон заказимæ.Ныртæккæ уал «Омега»-йы цалцæг кæнынц Хуссар æфсæддон зылды æмæ 58-æм æфсады сæрмагонд техникæ. Фидæны куыстуаты фæндты ис ног лæггæдты центр дæр байгом кæнын. Ифтонг уыдзæн бастдзинады кусæнгæрзтæй. Цалцæг дзы кæндзысты уæззау æфсæддон техникæ æгас Цæгат Кавказæй. Проектæй разыйæ баззадысты Уæрæсейы æдасдзинад хъахъхъæныны министрады. «Дзæуджыхъæуæй хуыздæр бынат та уымæн зын ссарæн у», - фæнысан кодта министр Шойгу. Ахæм хъуыдыйыл хæст сты йæ фыццаг хæдивæг Цæлыккаты Руслан æмæ Уæрæсейы Президенты æххæстбарджын минæвар Цæгат Кавказы федералон зылды Александр Матовников дæр. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
«Омега»-йы цалцæг кæндзысты æфсæддон техникæ
Категория:
Новости и СМИ