70 милуан сомæй фылдæр бадомдтой тæрхондоны пъырыстыфтæ
70 милуан сомæй фылдæр бадомдтой Цæгат Ирыстоны тæрхондоны пъырыстыфтæ. Уыцы æхцайы бæрц у нæ республикæйы алыхуызон куыстуæтты хæстæ сæ кусджыты цур. Æппæты фылдæр, пъырыстыфты хъусынгæнинагмæ гæсгæ, хæстæ дары акционерон æхсæнад «Иристонстекло». Куыстуаты хæс 12 милуан сомæй фылдæр сси. Электрон тыхдæттæн организаци «Осетия-Энергосети»-йы хæс та 16 милуанæй фылдæр у. Тæрхондоны пъырыстыфты ныхæстæм гæсгæ, куысты мыздты хæстæм, куыд алименттæ фидины хъуыддагмæ, афтæ уæлдай фылдæр`ргом здæхт цæуы. Фæллой кæныны бартæ хъахъхъæнынмæ дæр кæсы прокуратурæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
70 милуан сомæй фылдæр бадомдтой тæрхондоны пъырыстыфтæ
Категория:
Новости и СМИ