РЦИ-Аланийы сæргълæууæг Сергей Меняйло архайдта информацион агентад ТАСС-ы пресс-конференцийы

Цæгат Ирыстон нæ бæстæйы ахсы 5-æм бынат скъолатæ бындуронæй кæм цалцæг кæнынц, уыцы регионты 'хсæн. Уый тыххæй информацион агентад ТАСС-æн пресс-конференцийы рæстæг радзырдта Сергей Меняйло. Нæ республикæйы сæргълæууæг куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй ацы аз фæнд кæнынц ноджы 62 скъоламæ базилын. Стыр æргом здæхт цæуы материалон-техникон ифтонггад æмæ кусджыты цæттæ кæныны фарстатæм дæр. Ныхас ма цыд культурæйы къабазыл дæр. Дзæуджыхъæуы ныртæккæ ног кæнынц кинотеатр "Комсомолец". Уый суыдзæн Мариинаг театры æртыккаг филиал Цæгат Ирыстоны. Регионы разамонæг куыд фæнысан кодта, афтæмæй ахуырадæй уæлдай культурæйы рæзтæн дæр стыр ахадындзинад ис. Пресс-конференцийы ма æрлæууыдысты фатер æлхæнгæйæ сайды чи бацыд, уыдоны фарстатыл дæр. Цæгат Ирыстоны ис 5 æнæххæст арæзтады. Уыдонæй 3 сцæттæ уыдзысыт ацы аз, иннæтыл дæр куыст цæуы. Сергей Меняйло ма куыд фехъусын кодта, афтæмæй Беслæны теракты хъыгдард чи баййæфта, уыдоны реабилитацийы программæ адæргъвæтин кодтой 6 азмæ. Ивгъуыд аз уыцы нысанæн радих кодтой 30 милуан, ацы аз та 50 милуан сомæй фылдæр. Пресс-конференцийы ахсджиаг темæтæй ма иу Сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæ æмæ бинонтæн æххуыс. Сергей Меняйло куыд фæнысан кодта, афтæмæй Цæгат Ирыстон ис раззагдæр регионты 'хсæн, паддзахадон Фонд «Фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæ» филиал кæм байгом.

Иконка канала IRYSTONTV
1 458 подписчиков
12+
61 просмотр
2 года назад

, чтобы оставлять комментарии