Даскъофы цæрджытæ иумæйагæй сæмбæлдысты Ног азыл
Афтæ хъæлдзæгæй æмæ ирдæй ссыгъдысты æрмæст Даскъофы заз бæласы цырæгътæ нæ, фæлæ æгас хъæуы цæрджыты зæрдæтæ дæр! Стырæй, чысылæй æрбамбырд сты хъæуы астæу Ног азæн «Æгас цу!» зæгъынмæ! Уымæй хуыздæр та ма цы хъуамæ уа, хъæубæсты иудзинад куы уа, уæд. Ахæм рæсугъд бæрæгбæттæ та, кæй зæгъын æй хъæуы, адæмы кæнынц æнгом! Цымыдисаг куыд нæ рауадаид бæрæгбоны мадзал: Ног азы равдыстытæ, аргъæутты хъайтартæ, конкурстæ, ног азы зарджытæ, ирон хъазт. Митын Дада байхъуыста сабиты æмдзæвгæтæм. Фæсивæд та æхсызгонæй æвдыстой сæ арæхстдзинад се 'мхъæуккæгтæн. Æрмæст центрон фæз нæ, фæлæ ма æгас хъæу дæр у бæрæгбонарæзт: алæмæты цырæгътæ æмæ нæуæгазон инсталляцитæй цæст райы. Афтæ рæсугъдæй афæндараст кодтой зæронд аз Даскъофы цæрджытæ. 2023-æм аз сæ хъæуæн рауад æнтыстджын. Хъæугæ хъуыддæгтæ та афæдзы дæргъы хъæубæсты вæййы бирæ. Уымæн æвдисæн - Даскъофы аив æддаг бакаст, стæй традицитæ. Адæмы иудзинад къæдзæхтæ дæр фæлдахы, - иу загътой нæ фыдæлтæ. Уый Даскъофы хорз æмбарынц. Æмæ кæд хъæу йæ цæрджытæй фидауы, уæд бæрæгбон та - арфæтæй. Кæд, æмткæй райсгæйæ, нæ бæстæйæн æмæ республикæйæн æнцон аз нæ уыд, уæддæр адæмы зæрдæтæ циндзинадмæ тырнынц æмæ хорздзинæдтæ Хуыцауæй курынц. Хъæлдзæг зæрдахаст хæцгæ у, зæгъгæ, фæзæгъынц. Не 'сфæлдыстадон къорд уый йæхиуыл банкъардта Даскъофы. Ног азы бæрæгбоны ирд æнкъарæнтæ та адæм уæлдай æхсызгондæрæй æрымысынц. Биджелты Бертæ