Кусджыты фарста

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

9 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

9 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

3 просмотра

9 лет назад

Сывæллæтты сфæлдыстады республикон галуаны хицау Сæлбиты Зитæимæ бадзырды æмгъуыд кæй фæци, уый тыххæй йæ йæ куыстæй суæгъд кодтой. Уымæ æхсæнады иу цæстæнгас нæй. Социалон хызæгты сарæх сты цъыфкалæн ныхæстæ. Галуанмæ кæй сывæллæттæ цæуынц, уыдоны ныййарджытæ абон фембæлдысты ахуырад æмæ наукæйы министр Азымты Иринæимæ. Фæндыд сæ базонын, Сæлбиты Зитæйы йæ бынатæй цæмæн суæгъд кодтой, уый, æмæ дзы ракурын, цæмæй йæ фæстæмæ галуаны разамонæгæй сæвæрой. Азымты Иринæ сын фехъусын кодта хъуыддаджы официалон аххоссæгтæ. Министры ныхæстæм гæсгæ, ныртæккæ йæ бæрны цы уагдæттæ ис, уыдонæн фидар кæнынц сæргълæуджыты æвзарыны иумæйаг системæ. Уыцы æвзæрстытæ цæуынц æркастмæ гæсгæ. Азымты Иринæ ма куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй 2016-æм азы Сæлбиты Зитæйы йæ бынаты сæвæрдтой нæ республикæйы сæргълæууæджы уынаффæмæ гæсгæ. Ныр та, афæдзы фæстæ, æмбæлгæ уагæвæрд сæххæст кæнын хъæуы. Рабæрæг ма уый, æмæ хъæппæрисджын къорд Сæлбиты Зитæйы курынмæ хъавы уæгъд бынат бацахсыны æркасты бацархайын. Уымæй уæлдай ма фембæлды архайджытæ бафиппайдтой, се 'ппæт фарстатæн дæр дзуæппытæ кæй райстой, уый. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Кусджыты фарста

Категория:

Новости и СМИ