Ног халсартыл бакусын
Цæгат Ирыстоны фæзындысты спаржæйы быдыртæ. Проект зæрдæмæдзæугæ у. Специалистты хъуыдымæ гæсгæ фидæны хорз бæркад ратдзæн. Ныр ма уал ацы халсар æндæр рæттæй ласынц. Уæвгæ, спаржæ æппæт дунейы дæр парахат у. Хаст у пайдайаг халсарты номхыгъдмæ. Уæлдай арæхдæр йæ фенæн ис йе нæнизинадмæ куыдфæндыйы цæстæй чи нæ кæсы, уыдоны фынгтыл. Фæлæ йæ Цæгат Ирыстоны кæй ныссагътой уый бирæтæм диссаг фæкаст. Цалынмæ иутæ дис кæнынц, уæдмæ хæдзарады разамынд фæнд кæны ацы хъæууон хæдзарадон культурæ апарахат кæнын. Ацы быдыртæ фыццаг хатт чи фены, уыдоны дисы бафтынц: «Ай хъонтхора у?». Ахæм фарсттæй Кирилл Наседкин нæ тыхсы. Æмбары йæ, зайæгойтæ, æцæгæйдæр, сæ хуызмæ гæсгæ спаржæ кæй хонынц уый хуызæн сты. Архонскæйы станицæйы 12 гектары зæххыл æй байтыдтой. Кæмæдæр диссаг кæсы. Цæгат Ирыстоны арæхдæр къартоф æмæ нартхор садзынц. Исты ног куыст кæнын адæммæ диссагау фæкæсы. Фæлæ цъæх-цъæхид хуымтæй сæ зæрдæ райы. Кирилл Наседкин, хъæууон хæдзарадон специалист: «Фыццаг уал зæгъдзынæн уый, æмæ спаржæ ам дзæбæх фæхæцыд. Фæзуат равзарыны хъуыддаг дæр æнцон нæ уыд. Алцæмæдæр лæмбынæг æркастыстæм. Махæн сæйрагдæр уыд цавæр мæр дзы ис, уый. Хорз æмæ фарстатæ лыггонд æрцыдысты. Æхсызгон ма мын уый у æмæ ацы хъæууон хæдзарад Уæрæсейы æмæ Цæгат Ирыстоны æпæты стырдæр у». Ацы хæдзарады кусджытæ спаржæ цæмæ равзæрстой? Уымæн дзуапп раттынц - фæндыд сæ зæххимæ кусын, фæлæ, цавæр халсарыл, ууыл бирæ хъуыды кодтой. Уымæй уæлдай ма йæ зонынц - спаржæ Цæгат Ирыстоны зайы. Фæлæ хъæдты. Пайда дзы кæнынц æрмæст флористтæ. Хæрынмæ нæ бæззы. Фæлæ кæд хъæддаг спаржæ ам фæхæцыд, уæд хæрынæн чи бæззы, уый дæр хорз зайдзæн. Хъуыддагмæ бæстонæй бавнæлдтой. Мæскуыйæ æмæ Финляндийæ æрхуыдтой специалистты. Мыггаг та, растдæр зæгъгæйæ, та спаржæйы уидæгтæ, Голландийæ сластой. Уыдысты 320 мины æмæ се рбаласынæн 3 фурæйы бахъуыд. Рæстæгæй-рæстæгмæ анализтæ скæнынмæ мæр арвитынц Голландимæ. Уый, æнæмæнг кæнын хъæуы. Цæмæй йæ зоной зæххы цы буаргъдттæ нæ фаг кæны, уый. Спаржæйы куыст кæнынæн цыбыр рæстæгмæ сарæзтой дон пырхкæнæн системæ. Ныртæккæ та архайынц ацы зайæгойы хуызтæ фæфылдæр кæныныл. Нырма уал 5 хуызы ныссагътой. тагъдрæгæдгæнæн æмæ фæззыгон сорттæ. Сæ иу сæйраг уу иннæтæ та уал фæлварынц. Кирилл Наседкин, хъæууон хæдзарадон специалист: «Спаржæ æлхæнджытæ Уæрæсейы нырма бирæ не сты. Фæлæ йæ чи зоны, уыдон ыл сæ зæрдæ нал сивынц. Хæрæндæттæ арæх æлхæнджытæ сты. Æппæтыфылдæр та сæ æлхæнынц Мæскуы, Санкт-Петербург æмæ иннæ стыр горæтты. Мæ зæрдæ дарын, Цæгат Ирыстоны дæр дзы пайда кæнын кæй райдайдзысты, ууыл. Уымæн æмæ, фыццаджыдæр, пайдайаг хæринаг у». Ацы амалхъом адæмæн фидæнмæ стыр фæндтæ ис. Кусынц 50 гектары зæххы хайыл. сараздзысты йыл халсартæ æмбырдгæнæн æмæ сæ кæм бакусдзысты, ахæм цех, донцъирæн станцæ. Фæлæ ма цæ фæнды мыггаджы куыст кæнын. Уый тыххæй æмгуыст кæндзысты Голландийы специалисттимæ. Че ппæты дæр уырны -Цæгат Ирыстоны зæхх канд къартоф æмæ нартхорæн хорз нæу, фæлæ ма спаржæ æмæ æндæр халсартæ æмæ зайæгойтæн дæр. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Ног халсартыл бакусын
Категория:
Новости и СМИ