Грознайы райдыдта инвестицион форум

Грознайы райдыдта инвестицион форум. Æмбырды архайы Цæгат Ирыстоны делегаци дæр. Йæ сæргъы Сергей Меняйло, афтæмæй. Форумы сæйраг темæ ацы аз сси "Стыр Кавказ — иу денджызæй иннæ денджызмæ". Республикæ ахсджиаг экономикон фæзмæ йæхи аккаг хуызы бацæттæ кодта. Стенды равдыстой 5 раззагдæр проекты хъæууон хæдзарады, туризмы, хомагимæ архайæг куыстуæтты, информацион технологиты. Сæ иумæйаг аргъ у 97 млрд сомы. Сæ райрæзты фæрцы фæзындзæн 8 мин кусты бынаты. Программæйы фæлгæты Сергей Меняйло архайдзæн Цæгат Кавказы федералон зылды регионты райрæзты фæдыл хицауады къамисы æмбырды. Ацæудзæн Уæрæсейы премьер-министр Михаил Мишустины разамындæй. Сæргълæууæг фембæлдздæн иннæ регионты разамонджытимæ, федералон куыстуæтты минæвæрттимæ. Цæгат Ирыстон æмгуыстады бадзырдтæ бафыста бæстæйы алы къабæзты компанитимæ - энергетикæ, технологиты райрæзт, аразгæ интеллект, спорт, промышленность æмæ туризмы къабæзты.

Иконка канала IRYSTONTV
1 453 подписчика
12+
16 просмотров
2 года назад

, чтобы оставлять комментарии