Хъæуты рæзтæн
Цæгат Ирыстоны дарддæр кусы хъæуты рæзты паддзахадон программæ. Йæ фæлгæты хъæуы цæрæг æмæ кусæг æрыгон бинонтæ æмæ специалисттæн сæ бон у сæ цæрæн бынæттæ фæхуыздæр кæнын. Ацы аз субсидитæ райстой 26 бинонтæ. Абон сын сæ сертификаттæ кадджын уавæры радта Битарты Вячеслав. Ног хæдзар балхæныны бæллиц сæххæст уыдзæн Ног Бæтæхъойыхъæуккаг Бæззаты бинонтæн дæр. Къуындæг уавæрты, фæлæ æнгом æмæ хæларæй - афтæ цæрынц Ног Бæтæхъойыхъæуккаг Бæззаты бинонтæ. Дыууæ фырты сæ бинойнæгтимæ, цоты цот æртæйæ. Хæдзары хистæр Зæлинæ стыр бинонтыл цин кæны, фæлæ сын хæдзары æмбæлгæ бынат кæй нæ фаг кæны, ууыл йæ зæрдæ рагæй риссы. Сæ зæххы хай дæр хæрз чысыл. Фæлæ дзы Бæззаты бинонтæ уæддæр раппæлинаг цæхæрадон сарæзтой. Уымæй уæлдай ма дарынц хъуг, род æмæ кæрчытæ. Сæ хæдзарад Бæргæ фестырдæр кæниккой, фæлæ бынат кæм ис. Æртæ сывæллоны хъомыл кæнгæйæ, ма чындз Зæлинæ кусгæ дæр кæны. У Хуымæллæджы скъолайы ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг. Йæ къай Тимуримæ хи хæдзар балхæнынмæ рагæй бæллыдысты. Сæ бæллиц сæххæст районты социалон къабазы æрыгон специалисттæн сæ цæрыны уавæртæ фæхуыздæр кæныны падзахадон программæйы руаджы. Ныр тагъд рæстæджы Бæззаты æрыгон бирæсывæллонджын бинонтæ æрцæрдзысты ног хæдзары. 1 милуан 134 сомы радих кодтой Бæззаты бинонтæн. Ног хæдзарыл цин кæнынц сывæллæттæ дæр. Сæ ныййарджыты хуызæн сæ сæхи хъæуы цæрын фæнды. Бæззаты бинонтæй уæлдай ма сæ цæрæн бынæтты уавэртæ фæхуыздæр кæнынæн сертификаттæ абон райстой 25 бинонтæ. Уыдонæй 19 сты æрыгон бинонтæ æмæ специалисттæ. Кадджын уавæры сын сæ гæххæттытæ радта нæ республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав. Æдæппæтæй хъæуты рæзты паддзахадон программæйы фæлгæты хъæуты цæрджыты цæрæн бынæттæ фæхуыздæр кæнынæн ацы аз федералон бюджетæй радих кодтой 17 милуан 378 мин сомы, республикæйы бюджетæй - 1 милуан 308 мин сомы. Муниципалитеттæ та сын радтой 5 милуан 165 мин сомы. Субсидиты бæрц бæрæггонд цыд 1 бинойнагмæ цал квадратон метры хауы, уыдоны аргъмæ гæсгæ. Фæрæзтæ хардзгонд хъуамæ æрцæуой иу афæдзмæ. Фаронимæ абаргæйæ, ацы аз сертификаттæ райстой дыууæ бинонтæ фылдæр. 2019-æм азы та фæнд кæнынц субсидитæ 45 бинонтæн радтын. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Хъæуты рæзтæн
Категория:
Новости и СМИ