Абон «Нартиадæ»-йы аз Цæгат Ирыстоны кадджын уавæры байгом
Абон «Нартиадæ»-йы аз Цæгат Ирыстоны кадджын уавæры байгом
Абон «Нартиадæ»-йы аз Цæгат Ирыстоны кадджын уавæры байгом. Тугъанты Махарбеджы номыл музейы байгом сæрмагонд, тематикон равдыст. Кадджын мадзалы архайдтой премьер Дзанайты Барис æмæ Парламенты сæрдар Тускъаты Таймураз. Уыимæ ма культурæйы министрады минæвæрттæ, ахуыргæндтæ, æхсæнадон архайджытæ æмæ студенттæ. Бæрæгбон срæсугъд кодтой национ зарæггæнджыты нæлгоймæгты хор æмæ адæмон инструментты оркестр «Иристон».