Сунжæйы цæрджытæ сæ хъæумæ `ввахс сарæзтой æнæзакъон бырондон
Сунжæйы рæстуд цæрджыты цалдæр азы тыхсын кæны, хæстæг сæм цы æнæзакъон бырондон равзæрд, уый. Адæмы хъыгдары йæ тæф, кæйдæрты цæст та дзы кæлмытыл дæр æрхæцыд. Уæдæ фос дæр цъæх-цъæхид сæрвæтты бæсты бырондоны хæмпæлтæ стон-стон кæнынц. Афтæмæй стурвос кæрдæджы бæсты хæрынц алыхуызон зианхæссæг хауæццæгтæ. Йæ фæстиуджытæ та сыл æнæфæзынгæ нæ вæййынц. Бырондон уæлмæрдтæм æмæ доныбылмæ `ввахс кæй æрбынæттон, уый адæмы уæлдай тынг сагъæсы `фтауы. Хъæуы цæрджытæ сæ алывæрстæ цæуылнæ æфснайынц, уый базонынмæ Сунжæмæ мæхæдæг араст дæн. Цы федтам, уымæ ма бакæсут. Пластик, хъæбæр гæххæт æмæ авг - Сунжæйы цæугæдоны былгæрæттæ быронæй байдзаг сты. Экологон уавæр тыхсын кæны бынæттон цæрджыты. Нæ фæндаг акодтам доныбылтыл æмæ дзы быроны обæуттæ куы федтам, уæд нæ зæрдæ ныррызт. Цардыуаджы эрвылбоны хауæддзæгтæй уæлдай ма адæм ардæм раластой сæ арæзтадон бырæттæ. Æмæ кæд доныбыл фæлладуадзæн бынатыл нымад хъуамæ уа, уæд бынæттон цæрджытæн сси быронæмбырдгæнæн. Хъæуы хицаумæ бадзырдтам, цæмæн ахæм уавæр сæвзæрд, уый базонынмæ. Фæлæ уыцы рæстæг æндæр куыстытыл хæст уыд. Нæ сæмбæлдыстæм. Дзуаппдæттæджы номыл аныхас кодтам йæ хæдивæг Джусойты Иринæимæ. Куыд нын бамбарын кодта, афтæмæй зиу аразынмæ рацæуынц афæдз дыууæ хатты - уалдзæджы æмæ фæззæджы. Бафснайынц. Ныссыгъдæг кæнынц. Быроны мур нал ныууадзынц. Фæлæ уæддæр æрдзæн знаггадгæнджытæ къæрттæй цъула не `ппарынц. Æвзæр адæм та Иринæ хоны, йæ райгуырæн хъæуæй бырондон чи аразы, уыдоны. Кæд Сунжæ егъау хъæу у, уæддæр дзы йæ уынгты алы къуыри цæуы бырæттæ ласæг хæдтулгæ. Фæлæ хъуыддаг нæ ивы. Адæм сæ бырон куыд калдтой, афтæ йæ дарддæр калынц. Бырон ласæн тракторæн та йæ куыст - дон хиды бынты кæлæгау. Гæнæн ис, æмæ хъуыддагыл сахадой, сæрмагонд контейнертæ быронæн куы сæвæрой хъæуы, уæд уый. Фæлæ сæ сæвæрдзысты æви нæ, уый ацу æмæ базон. Æмæ ма канд ууыл куы цæуид ныхас. Фæлæ адæмы ныхæстæм гæсгæ, бырондоны сбирæ сты кæлмытæ дæр. Æмдзæрæн дзы сарæзтой. Куы иу ран ссыф-сыф кæнынц, куы - иннæ ран. Хуыцау ма зæгъæд, фæлæ кæд кæуыл фæхæцдзысты, уый бæрæг нæй. Хуыздæр рæстæджытæм адæм цы хидыл бауайой, уый нал ис. О, хæдæгай... Хид! Сунжæйы цæрджытæ уымæй дæр хъаст кæнынц. А-дыууæ боны куы ныккæла, зæгъгæ. Æнæбары ленк кæнынæй хидыл бауайын адæммæ хуыздæр кæсы. Æмæ йыл бауайынц. Æрмæст тæрсгæ-ризгæйæ, йемæ куы фæдæле уой, ома. Уæдæ дзы æфсæддон полигонмæ цæуæг уæззау техникæ дæр дыууæрдæм кæны. Афтæмæй хид йæ уд исыныл ныллæууыд. ныппырх. Хидмæ базилынæн чысыл фæрæзтæ нæ хъæуы. Районы къæбицы æхцаджындæр æвæрæнтæ куы нæллæмарай, уæддæр дзы уыйас нæ разындзæн. Æрхъуыды кодтой хид алыхуызон федералон программæты фыццаг скæныныл, фæлæ дзы ницыма æртагъд уыцы хъæппæрисæй дæр. Афтæмæй цæрынц. Æрдæгкалд хидыл бырон цæугæдоны былгæрæттæм ласгæйæ. Бон, дам, цæуы, фæлæ йæ фарн пырхытæ ахизæнмæ хæстæг нал уæнды. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Сунжæйы цæрджытæ сæ хъæумæ `ввахс сарæзтой æнæзакъон бырондон
Категория:
Новости и СМИ