Сæйрагдæр афоныл иртæст

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

2 просмотра

8 лет назад

Абон æппæт дунейы бæрæг кæнынц æвзæр низы ныхмæ тох кæныны бон. Кæд ма-иу цалдæр азы размæ ахуыргæндтæ йæ размæ сæ къухтæ сдардтой, уæд ныр уавæр зынгæ аивта. Дохтырты ныхæстæм гæсгæ, низ развæлгъау сбæрæг кæнын - йæ ныхмæ тохы сæйрагдæр мадзал. Ныридæгæн Цæгат Ирыстоны онкологон низтимæ хыгъды ис 17 мин адæймагæй фылдæр. Цавæр у уавæр æмæ сын цæмæй ис баххуыс кæнæн? Мамыкъаты Раисæ йе `нæниздзинадæй никуы хъаст кодта. 72 азы йыл цæуы. Куыд зæгъы, афтæмæй никуы ахъуыды кодтаид, æмæ æвзæр низæй фæрынчын уыдзæн. Раисæ йæ царды фылдæр хай снывонд кодта сывæллæтты хъомыладæн. Къорд азты бакуыста ахуыргæнæгæй. 10 азы размæ йæ буарыл æвзæр низ фæзынд. Бирæ рæстæг æй бахъуыд низимæ тох кæнын. Рентген тынтæй дзæбæх кæнын æй бахъуыд 10 хаттæй фылдæр. Фæлæ сылгоймагæн ууыл йæ хъизæмæрттæ нæ фесты. Чысыл рæстæджы фæстæ ма йæм рабæрæг ноджыдæр иу рæсыд. Сылгоймаг афтæмæй дæр йæхимæ хъусыныл нæ фæци. «Рынчындоны сæйраг дохтыр мæм бацыд æмæ мæ бафарста: зоныс дæ низ? Зоныс æй, цæимæ дæ хъæудзæн тох кæнын? Æз ын загътон, о, зæгъгæ. Алцыдæр мын, зæгъын, радзырдтой. Тæрсгæ нæ кæнын. Цæмæй хъуамæ тæрсон? Дохтыртæ мæ фæныфсджын кодтой, 100 азы сæрты, дам, акæсдзынæ», - Мæздæджы цæрæг Мамыкъаты Раисæ. Ахæм низимæ цæрæн æнæмæнг ис. Хъæуы йæ æрмæст рагацау рабæрæг кæнын. «Адæймагæй исты куы фæриссы, æрмæстæр нæм уæд æрбацæуынц адæм. Хъыгагæн, куыд сбæрæг вæййы, афтæмæй уæд низæн раиртасæм йæ 4, кæнæ 3-æм къæпхæн. Де `нæниздзинадмæ куыдфæндыйы цæстæй хъуамæ ма кæсай. Алцыдæр афоныл хъæуы аразын», - РЦИ-Аланийы онкологон диспансеры сæйраг дохтыр Бесаты Аслæнбег. Профилактикон æркастмæ адæймаг хъуамæ цæуа афæдз иу хатт. Хуыздæр та уаид афæдз дыууæ хатты дохтыртæн хи уынын кæнын. Ахæм лæггæдтæ сты лæвар. Æвзæр низ рабæрæг кæнынæн хатгай фаг вæййынц туджы иртæстытæ. Дохтырты ныхæстæм гæсгæ, куыд нæлгоймæгтæн, афтæ сылгоймагæн дæр уагæвæрдтæ сты æнæмæнгæй æххæстгæнинаг. «Сылгоймæгтæй 45 азæй фылдæр кæуыл цæуы, уыдон, æнæмæнг, хъуамæ хи бæрæг кæнынмæ цæуой рынчындонмæ. Дæттой алыхуызон иртæстытæ. Нæлгоймæгты та 50 азы фæстæ хъæуы дохтыртæм арæхдæр цæуын», - дохтыр-онколог Хосроты Руслан. Абон бæрæг кæнынц æвзæр низимæ тох кæныны æппæтдунеон бон. 4 февралы агъоммæ арæзт æрцæуынц алыхуызон акцитæ. Дзæуджыхъæуы 7-æм поликлиникæйы æмæ æвзæр низимæ тохгæнæн диспансеры дæр дзы уыдис иу: «Вместе против рака», зæгъгæ. Йе `нæниздзинад сбæрæг кæнынмæ æрбацыд бирæ адæм. Специалисттæ куыд зæгъынц, афтæмæй æвзæр низæй рынчын адæмы фæцæрыны хъомыс азæй-азмæ кæны фылдæр. Бæллæх уый мидæг ис, æмæ афойнадыл дохтырæн йæхи ничи `вдисы. Сæйраг та уый у: æвзæр низы хъæуы афоныл рахатын. Пелиты Сабинæ _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Сæйрагдæр афоныл иртæст

Категория:

Новости и СМИ