Зынаргъ уазджытæ
Хъазахъхъаг хор «Братина»-йы архайджытæ бабæрæг кодтой Алайнаг моладзандон. Уым зарæггæнджытæн радзырдтой аргъуаны историйы тыххæй æмæ сын сарæзтой экскурси. Сфæлдыстадон къорды архайджытæ моладзандоны азарыдысты цалдæр аргъуаны зарæджы. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, хъазахъхъаг хор «Братина» у Санкт-Петербургæй. Ныртæккæ концерттæ дæтты Цæгат Ирыстоны. Ныридæгæн артисттæ бабæрæг кодтой цалдæр станицæйы. Хоры архайджытæ фæнд кæнынц 58-æм армийы 34-æм хайад æвсæддонтæн концерт раттын. Ирыстоны артисттæ сты дыккæгæм хатт. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Зынаргъ уазджытæ
Категория:
Новости и СМИ