Пъæлицæйы кусджытæ кировы районы скъолаты ахуырдзаутæн амонынц, «снюс» цы зиан хæссы, уый
Зиан чи хæссы, ахæм буаргъæдтæ рабæрæг кæныны тыххæй пъæлицæйæгтæ фылдæр се`ргом здахынц, скъолаты æмæ ахуыргæнæндæтты цур цы дуканитæ æмæ базарадон бынæттæ ис, уыдонмæ. Уый хыгъд Кировы районы скъолаты сарæзтой профилактикон мадзæлттæ. Ахуырдзаутæн радзырдтой никотин æмхæццæ буаргъæд æнæниздзинадæн цы зиан хæссы, уый. Ахæм тамако дымæн нæй, уыимæ дзы пайда кæнынц хуымæтæг тамакоты бæсты. Арæхдæр дзы фæхъæстæ вæййынц æнахъом сывæллæттæ. Йæ фæстиуджытæ вæййынц алыхуызон. Снюсы кæд тамако нæй, уæддæр никотинæй у дзаг. Специалисттæ куыд зæгъынц, афтæмæй снюсы 1 дзæкъулбастæн йæ тых у 60 тамакойы бадымды æмйас, уæдæ адæймагæн цы зиан хæссы, уый та уымæй фылдæр. Æвзæр буаргъæдыл адæм тагъд кæй фæцахуыр вæййынц, уый у зæрдæхсаинаг хъуыддаг, зæгъынц барадхъахъхъæнджытæ. Ставд-Дурты, Комсомольскæйы æмæ Ираныхъæуы скъолаты ахуырдзаутæ зæрдæ бавæрдтой маргджын буаргъдæй сæхи дард кæй ласдзысты, уымæй. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Пъæлицæйы кусджытæ кировы районы скъолаты ахуырдзаутæн амонынц, «снюс» цы зиан хæссы, уый
Категория:
Новости и СМИ