Абон археологтæ бæрæг кæнынц сæ професионалон бæрæгбон
Археологтæ сæ професионалон бæрæгбоны агъоммæ Цæгат Ирыстоны экспедици баиу кодта нæ республикæйы æмæ Цæцæны ахуыргæндты. Археологтæ кусынц иумæйаг арæнтыл газы хæтæл «Мæздæг-Грозна»-йы зонæйы. Ахуыргæндтæ ныридæгæн ссардтой 30 ингæны. Цæгат Ирыстоны археологон экспедицийы разамонæг Владимир Малашев куыд загъта, афтæмæй нæ эрæйы 3-аг æнусы фыццаг æмбисæй ссардтой бирæ культурон хæзнатæ. Цæгат Ирыстойнаг экспедици археологон къæхтытæ Мæздæджы районы, Цæцæны республикæйы минæвæрттæ та Надтеречныйы районы. Куыстытæ фæуын нысан кæнынц афæдзы кæронмæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Абон археологтæ бæрæг кæнынц сæ професионалон бæрæгбон
Категория:
Новости и СМИ