Ахæм хабæрттæ // 19 марта 2020
Фæндаггон фыдбылызты нымæц Цæгат Ирыстоны 2020 азы райдиан фæкъаддæр. Æвæстиаты цауты уавæрыл æрдзырдтой хицауады къамисы радон æмбырды. Цавæр бæрæггæнæтæ æвдисынц æмæ цы хатдзæгмæ æрцыдысты? Иумæйаг паддзахадон фæлварæн рагагъоммæ дæттыны фæтк аргъæвтой. Йæ аххосаг - коронавирусæй тæссаг кæй у, уый. Кæд дæттдзысты ныр скъоладзаутæ сæйраг фæлварæн? Радзурдзыстæм æй. Æппæтуæрæсеон адæмон фронты минæвæрттæ бабæрæг кодтой Фыдыбæстæйы Стыр хæсты æмæ фæсфронты ветеранты. Балæвар сын кодтой Уæлахизы 75-азы юбилейы кадæн хæрзиуджытæ æмæ сын æркастысты сæ царды уавæртæм. Бæлвырддæр чысыл фæстæдæр. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Ахæм хабæрттæ // 19 марта 2020
Категория:
Новости и СМИ