Абон 95 азы æххæст кæны зындгонд бæхылбадæг Хъантемыраты Ирбеджы райгуырдыл
Абон 95 азы æххæст кæны зындгонд бæхылбадæг Хъантемыраты Ирбеджы райгуырдыл
Абон 95 азы æххæст кæны Советон Цæдисы Адæмон æмæ Уæрæсейы цирчы артист, зындгонд бæхылбадæг Хъантемыраты Ирбеджы райгуырдыл. Бæхыл бадыны аивад ын бауарзын кодта йæ фыд, Мæскуыйы цирчы бæхты труппæ «Али-Бек»-ы бындурæвæрæг Хъантемыраты Алыбег. Æмæ уыд раззагдæрты æмрæнхъ. Ирбег бæхты спорты уыд Советон Цæдисы 5 хатты чемпион, ахъазыд æмæ трюктæ сæвæрдта 50 кинонывæй фылдæры. Аивадуарзджыты зæрдæтæ йӕ бон фыццаг минуттæй кæмæн уыд бацагайын, равдысты кæронмæ та сæ сцымыдис кæнын кафты алы хайæ дæр. Уыцы сусæгдзинад се 'ппæтæн нæ уайы. Хъантемыраты Ирбегæн йæ хъæлæс уыцы-иу рæстæг уыд фæлмæн æмæ карз. Йæ хорз хæлар - йæ бæх æй хорз æмбæрста, цы дзы домдта, уый. Куыд манежы, афтæ царды мидæг дæр уыд хæларзæрдæ, алы адæймагмæ дæр йæ бон уыд фæндаг ссарын. Уыд рæстуд æмæ иузæрдион. Йæ ахуыргæнинæгтæй та кæддæриддæр домдта куыстыл æнувыд уæвын æмæ макæй зæрдæхудты бацæуын. Циркы артист, зындгонд бæхылбадæг. Йæ ном айхъуыст æгас дунейыл дæр. Афтæмæй та сценæмæ фыццаг хатт рацыд æнæнхъæлæджы. Йæ фыд æмæ йе 'фсымæрæн хъуамæ уыдаид гастрольтæ, фæлæ йе 'фсымæр æрбарынчын. Сценæмæ рахизынмæ баззад цалдæр сахаты. Æфсымæртæй бæхыл бадын алкæмæй хуыздæр уад Ирбегæн. Ныллæг æмæ хæрзгонд, цымæ джигитовкæйæн райгуырд, афтæ. Никуы фæллад йӕ куыстæй – афтæ йæ ахуыр кодта йæ фыд. Фыццаджыдæр та — хиуыл кусын. Циркы артистты династийы ирд минæвар. Хъантемыраты труппæйы гастрольтæ канд Советон Цæдисы нæ цыдысты. Адӕм мӕм мингӕйттӕй æнхъæлмæ кастысты Голланди, Германийы æмæ фæсарæнты æндæр горæтты. Ирбег труппæимæ æрзылдысты æгас Европæйыл. Уымӕй дӕр иугай хӕттытӕ нæ. Цирк ын кæддæриддæр уыд йæ дыккаг хæдзар. Уыдис æм бирæ цымыдисаг ног фæндтæ, цы трюктæ-иу рхъуыды кодта, уыдон та æнтыстджынæй æххæст кодта. Ирбег уыд фыццаг барæг, баст цæстытæй бæхыл бадгæйæ цæлхдурты сæрты чи агæпп кодта, уый. Йе сфæлдыстадон фæндаджы ис бирæ цымыдисаг хъуыддæгтæ. Калоты Дзерассæ