Битарты Вячеслав фембæлд Суадаг æмæ Хæтæлдоны цæрджытимæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

8 лет назад

Зæххытæ нæ фаг кæны, доны хæтæлтæ ивинаг, фæндæгтæ пырхытæ. Ацы æмæ æндæр фарстатæ радтой Хæтæлдон æмæ Суададжы цæрджытæ республикæйы сæргълæууæгмæ. Битарты Вячеслав дарддæр æргом ныхас кæны адæмимæ. Фембæлдтыты фæархайынц республикон министрадтæ æмæ кусæндæтты разамынджытæ. Бирæ фарстатæ бынаты лыггонд æрцæуынц. Афтæ рауад бон раздæр Суададжы дæр. Фосхизæнтæ, уыгæрдæнтæ æмæ хуымзæххытæ кæй нæ фаг кæны, уый æппæты тынгдæр тыхсын кæны Суадаг æмæ Хæтæлдоны цæрджыты. Республикæйы сæргълæууæг бабар кодта Алагиры районы разамынд æмæ æмбæлгæ министрадæн фарстамæ бæстон æркæсын. Æмæ ма бафтыдта, «сæ нысанвæрдмæ гæсгæ цы зæххытæй нæ пайда кæнынц, уыдон хъæуы адæмыл байуарын. Æрмæст кусын кæй фæнды, ахæмтыл. Уæлдай æххуыс та бакæнын хъæуы хæхбæсты цæрджытæ æмæ кусджытæн». Иу ахсджиаг фарста ма – доны хæтæлтæ баивын. Хъæуты доны æлхъывдад фаг нæу, хæтæлтæ арæх фæхуынчъытæ вæййынц. Республикæйы сæргълæууæг фæбæрæг кодта, ацы фарста бирæ хъæуты ахсджиаг кæй у, уый. Йæ ныхæстæм гæсгæ, ныртæккæ арæзт цæуы æгас республикæйы доны хæтæлтæ баивыны иумæйаг проект. Фæндæгты цалцæджы фарста дыууæ хъæуы цæрджытæн дæр у вазыгджын. Фембæлды ма ныхас цыд Хæтæлдоны доны сæрты хид саразыны тыххæй. Суададжы цæрæг Кучиты Мæдинæ та тыхсы культурæйы бынæттон хæдзары цалцæгыл. Битарты Вячеслав бабар кодта, ацы аз бæстыхайы рог цалцæджы куыстытæ бакæнын, 2020-æм азы та йæм бындурон æгъдауæй бавналдзысты. Цалдæр бирæсывæллонджын бинонтæ æнæхæдзар кæй сты, уынгтæ `фснайджытæн мызд кæй нæ фидынц, Алагиры ленкгæнæн бассейн кæй нæй – иу фарсТ дæр æнæ дзуаппæй нæ баззад. Адæм сæхæдæг дæр æнкъарынц, сæ курдиаттæм бæстон æркаст кæй ис. Фембæлды кæронбæттæны Битарты Вячеслав бахатыд цæрджытæм, цæмæй иумæ архайой республикæйы хъæутæ æмæ горæттæ сыгъдæгæй дарыныл, стæй нозт æмæ наркотиктæ фæсивæды 'хсæн парахат кæныны ныхмæ тох кæной. Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг зæрдæ бавæрдта, кæд æркæсинаг фарстатæ бирæ сты, уæддæр сæ аиуварс кæныныл æнæмæнг кусдзысты. Фембæлд кæронмæ æрхæццæ, фæлæ адæм республикæйы сæргълæууæджы нал уагътой. Хи цардимæ баст фарстатимæ йæм цыдысты. Республикæйы разамынды радон комкоммæ ныхас цæрджытимæ ахицæн. Ныр сæйрагдæр у хæстæгдæр рæстæджы адæмы курдиæттæ сæххæст кæнын. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Битарты Вячеслав фембæлд Суадаг æмæ Хæтæлдоны цæрджытимæ

Категория:

Новости и СМИ