Фæстауæрцы тыххæй
Электрон тыхæй раст пайда кæнын хуыздæрырдæм фæбæрæг уыдзæн, министрадты бæрны цы кусæндæттæ ис, уыдоны бæджетон хæрдзтæ фæкъаддæр кæныныл. Уый тыххæй фехъусын кодта хицауады сæрдар Тускъаты Таймураз радон оперативон æмбырды. Йæ ныхæстæм гæсгæ, хъæуы бюджетон уагдæттæм хъарм дон æмæ тæвд чи дæтты, уыдоны уавæрмæ æркæсын. Сæ куыстæн сын, æнæмæнг, хъæуы сæрмагонд фæстауæрцгæнæн программæ саразын. Алы министрад дæр хъуамæ зона, хъармгæнæн иумæйаг системæйæ, стæй хæдбар хъармгæнæнтæй чи пайда кæны, уыцы куыстуæтты номхыгъд. Хъæуы сæ финансон æгъдауæй бахынцын æмæ уымæ гæсгæ дарддæры уынаффæтæ хæссын. Тускъаты Таймураз ма бафтыдта, Цæгат Ирыстоны артаг æмæ энергетикæйы комплексы кусæндæтты архайдыл сæрмагонд къорды радон æмбырд райсом кæй уыдзæн, уый. Æркæсдзысты дзы, ивгъуыд аз газ æмæ электрон тых куыд хардзгонд æрцыд, уымæ. Æмбæлгæ министрад цæттæ кæны сæрмагонд доклад. Амынд дзы уыдзысты, республикæйы цæрджытæ æмæ юридикон организациты хæстæ фæкъаддæр кæнынæн республикæйы цы мадзæлттæ арæзт цæуынц, уыдон. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Фæстауæрцы тыххæй
Категория:
Новости и СМИ