Цæгат Ирыстоны равзардзысты «Мисс Алания-2019»

2 тыс. подписчиков

12+
12+

13 просмотров

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

13 просмотров

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

13 просмотров

7 лет назад

Цæгат Ирыстоны равзардзысты «Мисс Алания-2019». Конкурс ацæудзæн 1-æм ноябры. Бацархайдзæн дзы 15 чызджы. Сæ тыхтæ æвзардзысты 3 хуызы фæлварæны. Хъуамæ канд рæсугъд цæсгомæй жюрийы уæнгты дисы ма бафтауой, фæлæ ма зондæй æмæ адæймаджы хуыздæр миниуджытæй дæр. Курдиатджын чызджытимæ ныртæккæ кусынц стилисттæ, хореографтæ æмæ психологтæ. Бæлвырддæ хабæрттæ базыдта нæ уацхæссæг Къутæрты Аидæ. Ацы чызджытæ ныр мæйы дæргъы сæхи бæстонæй цæттæ кæнынц цымыдисаг конкурсмæ. Йæ уагæвæрдмæ гæсгæ, хъуамæ алы бон дæр сæхиуыл бæстонæй архайой, цæмæй фидæны ацы къабазы кусынмæ сарæхсой. Чызджытæ сæхæдæг куыд зæгъынц, афтæмæй сæ рагæй фæндыдис сæ аив фæлыст æмæ рæсугъд бакастæй адæмы зæрдæтæ балхæнын. Ныр сын уыцы фадат фæзындис. Ныртæккæ семæ сæрмагондæй кусы психолог. Уый сын амоны, конкурсы сæ цы бахъæудзæн, уый. «Мисс Алания»-йы конкурсы аразджытæ ацы æркаст расидтысты сæрды. Уæд сæм фæзындис хъуыды, цæмæй нæ республикæйы чызджытæ ахæм цымыдисаг ерысы бацархайой, уый тыххæй. Сарæзтой кастинг, уым равзæрстой 15 чызджы. Сæйраг домæн уыд - рæсугъд æмæ аив бакаст. Уыимæ ма, хъуамæ иттæг хорз зыдаиккой ирон культурæ æмæ традицитæ. Хъалæгаты Лолитæ - конкурс «Мисс Алания»-йы архайæг: «1-æм октябрæй абонмæ мах ахызтыстæм цалдæр къæпхæны сæрты. Мæ зæрдæмæ фылдæр уый фæцыдис, æмæ нæ хæхтæ кæй федтам. Æрдзы рæсугъддзинад банкъардттам. Уыдыстæм парк «Атмосферæ»-йы. Кæрæдзийы хуыздæр базыдтам. Уыимæ ма кодтон ирон хæринæгтæ дæр». Ацы чызджытæн бацæттæ кодтой бирæ алыхуызон цымыдисаг мадзæлттæ æмæ ерыстæ. Аразджытæн сæйрагдæр у, цæмæй чызджытæн раргом кæной сæ удыхъæд, æмæ ма сын уыимæ фидæны æхсæнады сæхи æнцондæр дарын куыд уа. Уымæй уæлдай сын арæзт æрцыдысты дæсныйад æвдисæг ахуыртæ дæр. Базонгæ сæ кодтой ног технолон фæрæзтимæ, ахуыр сæ кодтой чъиритæ кæнын. Уыимæ базыдтой ирон кафты сусæгдзинæдтæ дæр. Асеты Светланæ - конкурс «Мисс Алания»-йы аразджытæй иу: «Мах рагæй фæндыдис ахæм конкурс скæнын. Уымæй размæ, 2010 азы дæр ма уыдис ахæм ерыс. Фæлæ мах расидтыстæм, цæмæй ногæй адæмæн рæсæугъддзинад балæвар кæнæм. Нæхи бацæттæ кодтам, æмæ нæ уырны, адæмы зæрдæмæ кæй фæцæудзæн, уый». Конкурсы архайджытæ цæттæ сты сæ чысыл фæлтæрддзинад адæмы рæгъмæ раххæсынмæ. Ныры онг бакуыстой бирæ алыхуызон хæслæвæрдтыл. Æрæджы та ацы ерысты цы чызджытæ архайынц, уыдон бабæрæг кодтой нæ республикæйы рæсугъд бынæттæ. Уым чызджытæ кæрæдзийы хуыздæр базыдтой. 1 ноябры конкурс "Мисс Алания"-йы жюрийы уæнгтæ хатдзæгтæ скæндзысты чызджыты цæттæдзинадæн. Мадзал аразджытæ нын куыд бамбарын кодтой, афтæмæй уæлахиздзау, нæ республикæйы рæсугъддæр чызджытæй иумæ æнхъæлмæ кæсынц цымыдисаг æмæ æхсызгон лæварттæ. Уæлахиздзау фидæны кусдзæн модельæй, уæдæ иннæ архайджыты та схорзæхджын кæндзысты кады гæххæтытæй. Къутæрты Аидæ _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Цæгат Ирыстоны равзардзысты «Мисс Алания-2019»

Категория:

Новости и СМИ