Фæлтæрты фембæлд
Мызуры скъоладзаутæй рох нæу, фæскомцæдисонты 100 азы бон кæй æрхæццæ кæны, уый. Бæрæгбоны кадæн Алагиры районы культурæйы æмæ ахуырады управленитæ, фæсивæды хъуыддæгты бынæттон комитеты уæнгтæ Мызуры библиотекæйы сарæзтой æмбырд. Архайдтой дзы, бирæ рæстæг фæскомцæдисоны ном чи хаста, уыцы рæстæджы минæвæрттæ. Се `хсæн - Реуазты Георгий, Токаты Людмилæ, Цæллыккаты Феликс. Мадзал саразынц къуыри 2 хатт. 26-æм октябры та ахæм æмбырд уыдзæн Алагиры районы сæйраг библиотекæйы. Æмбырды аразджыты ныхæстæм гæсгæ, ахæм фембæлдтытæ скъоладзауты ахуыр кæнынц историимæ фылдæр базонгæ уæвыныл. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, фæскомцæдисы райгуырæн боныл 1918-æм азы 29-æм октябрь нымад кæй у. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Фæлтæрты фембæлд
Категория:
Новости и СМИ