Уæрæсейы адæмон артист Уататы Бимболаты райгуырдыл абон æххæст кæны 85 азы
Æгæрон курдиат, тыхджын миддуне æмæ ирон рæсугъд зæрдæйы хицау. Ахæм уыд Уататы Бимолат. Адæмы зæрдæты арф бынат бацахста йæ фыццаг фæзындæй сценæйыл. Йæ дисы фтауæг сурæтты иу бавæрдта йæ уды хъарм. Уымæн бацагайынц зæрдæйы рæбынмæ, адаймаджы бафтауынц арф хъуыдытыл ныр дæр ма. Бибойы сфæлдыстад у национ хæзна. 50 ирд сурæты театры сценæйыл, 30 та кинойы. Æмæ дзы иу иннæйы хуызон нæ уыд. Критикты ныхæстæм гæсгæ, Бимболат сарæзта хъæбатыр хъайтарты бындурон сурæттæ. Сценæйæ адæмæн цы æнкъарæнтæ лæвар кодта, уыдон ницæимæ абарæн ис. Ахæм тыхджын курдиат ын балæвар кодта æрдз. Æмæ дзы Бибо спайда кæнын базыдта. Чысыл лæппуйы курдиат фыццаг федта Баллаты Валодя. Афтæмæй йæ райстой Ирон театры уæлæмхасæн къордмæ. Уый фæстæ та Бимболат ахуыр кодта Мæскуыйы, Щукины номыл училищæйы. Йæ фыццаг сæйраг рольтæй иу уыд Галазты Земфирæимæ «Дыууæ чындзæхсæвы». Уый фæстæ Брытъиаты Елбыздыхъойы «Хазби» æмæ Плиты Грисы «Чермен», Хасан æмæ Рустам «Таджикфльм»-ы ист киноты, уæдæ Шекспиры Король Лир, Отелло, Царь Эдип… Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон премийы æмæ Таджикистаны Рудакийы номыл паддзахадон премийы лауреат, Тæбæхсæуты Владимиры номыл премийы фыццаг лауреат, разамынд лæвæрдта Ирон театрæн, уыд республикæйы культурæйы министр дæр. Уæрæсейы адæмон артист ма уыд бирæ аккаг хæрзиуджыты хицау. Фæлæ йæ сæйраг æнтыстдзинад у – æдæмы æгæрон уарзондзинад.