Цæгат Ирыстоны гуманитарон иртæстыты институтыл сæххæст 100 азы
Цæгат Ирыстоны Абайты Васойы номыл гуманитарон æмæ социалон иртæстыты институты равзæрдыл сæххæст 100 азы. Институты ахадындзинад хъæздыг у. Йæ коллектив æнусы дæргъы архайы Цæгат Ирыстоны наукæйы райрæзтыл. Кусджытæн абон æцæг бæрæгбон у. Арфæйы ныхæстимæ сæм æрбацыдысты хицауады уæнгтæ, æхсæнадон æмæ наукон архайджытæ æгас Уæрæсейæ. Уазджытæ ма суанг фæсарæнтæй дæр. Нæ уацхæссæг Къутæрты Аидæ дæр юбилейы фæдыл арфæйы ныхæстæ ракодта æмæ базыдта, 100 азмæ институт цæмæй сæсырстыр фæцы, уый. Дæттæм ын ныхасы бар. Цæгат Ирыстоны Абайты Васойы номыл гуманитрон æмæ социалон иртæстыты институты кусджытæн абон сарæзтой стыр бæрæгбон. 100 азы сæххæст нæ республикæйы ахуырады артдзæстыл. Наукон кусджыты кадджын уавæры схорзæхджын кодтой кады гæххæттытæй æмæ майдантæй. Институты истори у хъæздыг. Йæ фæрцы, бирæ азты, адæм зонгæ сты Ирыстоны зынгонддæр цаутимæ, адæмы рагон æгъдæуттæ æмæ фæткæвæрдтимæ. Институты хъæппæрисæй æнгом бастдзинад арæзт æрцыд Цæгат Кавказы регионты*хсæн, уыимæ ма Уæрæсе æмæ фæсарæнты ахуырады зынгæ кусджытимæ. Ныртæккæ гуманитрон æмæ социалон иртæстыты институты историимæ баст сты Æлборты Барысби, Абайты Васо, Брытъиаты Елбыздыхъо, Коцойты Арсен æмæ иннæ зындгонд адæмы нæмттæ. Уыдон арф фæд ныууагътой ирон литературæйы, сæ фæрцы ныридæгæн хъуыстгонд у æнæхъæн дунейыл ацы институт. Абон ацы бæрæгбонмæ æрбацыдысты нæ республикæйы хицауады минæвæртæ. Саггаг кодтой бирæ уазджытæ. Уыдон Хуссар Ирыстонæй, Мæскуыйæ, Абхазийæ, Кæсæг-Балхъарæй, Цæцæны, Хъæрæсе-Черкес, Дагестан республикæтæй æмæ Турцийæ. Уыдонæн абон уæлдай æхсызгон у, ам кæй сты, уый. Гапуров Махрудин, Цæцæны республикæйы наукæты академийы президент, историон наукæты дохтыр, академик: «Цæгат Ирыстоны наукон кусджытимæ мах рагæй æмгуыст кæнæм. Цалдæр боны размæ нæ ацы бæрæгбонмæ фæхуыдтой. Куы базыдтам институтыл 100 азы æххæст кæны, уæд арфæйы ныхæстимæ ссыдыстæм ардæм. Гуманитрон æмæ социалон иртæстыты истори цымыдисаг у. Ахадгæ æвæрæн бахаста Цæцæны республикæйы æмархайдмæ дæр. 2000-æм азты зын рæстæг уыд. Инситуты руаджы ныртæккæ Цæцæны республикæйы наукæ хорз æмæвзадыл ис». Институт абон Цæгат Кавказы наукон бæстыхæйттæй сæ рагондæр у. Кæддæр, ацы институты кусджытæ æмгуыст кæнын райдыдтой Хуссар Ирыстоны ахуыргæндтимæ. Иумæйагæй куыстой ирон æвзаджы райрæзтыл, æмбырд кодтой ирон адæмон сфæлдыстады æрмæджытæ. Ныртæккæ наукон артдзæсты æппæт ацы фарстатæ сты актуалон. Абон институт æнгом куыст кæны турчы цæрæг ирæтты диаспорæимæ дæр, иртасы адæмы этнокультурон райрæзт æмæ фидар кæны хæлардзинады тæгтæ. Ацы бæрæгбон ма абон саив кодтой нæ республикæйы ансамбльтæ. Сарæзтой цымыдисаг концертон программæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Цæгат Ирыстоны гуманитарон иртæстыты институтыл сæххæст 100 азы
Категория:
Новости и СМИ