Нæ ферох...
2003-æм азы Мæздæджы госпиталы цы теракт æрцыд, уый амæттæгты æрхъуыды кодтой абон. Уæд рæмудзæн æрмæджытимæ «Камаз» дзæбæхгæнæндоны дуæрттæ басаста æмæ йæ шофыр цыппар уæладзыгон бæстыхайыл батардта. Æрцыд срæмыгъд. 52 адæймаджы фæмардысты, 80 адæймаджы та цæфтæ райстой. Уыдысты æфсады службæгæнджытæ æмæ госпиталы кусджытæ. Уæвгæ, уыцы рæстæг медицинон уагдоны бирæ адæм уыд. Цæцæны контртеррористон операцийы рæстæг Мæздæгмæ ластой цæф хæстонты. Афæдз фæстæ рынчындоны бынаты сарæзтой чысыл аргъуан. Абон Уæрæсейы алы регионтæй ссыдысты теракты амæттæгты хиуæттæ æмæ хæстæджытæ. Минут æдзæмæй алæугæйæ, сын ссардтой сæ рухс нæмттæ, сæ номыл цыртдзæвæныл дидинджытæ сæвæрдтой. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Нæ ферох...
Категория:
Новости и СМИ