Хицауады сæрмагонд æмбырды æрныхас кодтой æнæниздзинад хъахъхъæныны системæйы райхалинаг фарстатыл

2 тыс. подписчиков

12+
12+

7 просмотров

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

7 просмотров

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

7 просмотров

5 лет назад

Цæгат Ирыстоны æнæниздзинад хъахъхъæныны системæйы ахсджиаг фарстатыл æрныхас кодтой Дзанайты Барисы разамындæй арæзт сæрмагонд æмбырды. Премьер куыд фæнысан кодта, афтæмæй пандемийæйы рæстæг сбæрæг сты къабазы райхалинаг фарстатæ. Медицинон æсхæнады минæвæртты ныхæстæм гæсгæ, коронавирусы аххосæй системæ бахъуыд раивын. Ныртæккæ йæ сæйраг хæс у ковидæй рынчынты дзæбæх кæнын. Уымæ гæсгæ, къаддæр æргом здæхт цæуы медицинæйы иннæ хайæдтæм. Хъуыддаг фæбæрæг зæрдæйы низтимæ рынчынытыл.  Зæгъæм, стационары дзæбæх кæныны бæсты сты хæдзары. Æмбырды архайджытæ ма фæнысан кодтой, регионы дадзинтæ дзæбæхгæнæн центрæн хицæн бæстыхай саразын кæй хъæуы, уый. Æргом ма аздахын хъæуы республикæйы хирургон службæмæ дæр. Фарстайыл бакусæн ис, Æрыдоны травматологон хайады дæнцæгмæ гæсгæ районты ’хсæн профилон центр саразгæйæ. Сифтонг æй кæнын хъæуы нырыккон кусæнгæрзтæй æмæ дæсны специалисттæй. Медицинон æххуысы æмвæзад фæуæлдæр кæнын хъæуы эндокринологи, гинекологи æмæ инфекцион низты хайæдты дæр. Къабазы фаг специалисттæ нæй. Уый дæр у риссагдæр фарстатæй иу. Медиктæ куыд зæгъынц, афтæмæй арæх специалисттæ ацæуынц республикæйæ æндæр рæттæм. Уымæн æмæ сæ мызд фаг бæрзон нæу. Кæд æмæ сыхаг регионты у 2, кæнæ 3 хатты уæлдæр. Хъуыддаг фæхуыздæр кæнынæн специалистты хъæуы льготæтæм гæсгæ фатертæй ифтонг кæнын. Дзанайты Барис бахæс кодта медицинæйы алы къабазы куыстмæ дæр лæмбынæг æркæсын. Хатдзæгтæм гæсгæ бакусдзысты æнæниздзинад хъахъхъæнынады системæйы рæзтыл. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv