Милдзыхты Вячеслав бабæрæг кодта интернат «Узæлд»-ы карджын адæмы

2 тыс. подписчиков

12+
12+

4 просмотра

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

4 просмотра

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

4 просмотра

5 лет назад

Интернат «Узæлд» -ы цæрджытæн Ног азы арфæтæ ракодта Милдзыхты Вячеслав. Интернаты директор Козырты Светланæ горæты хицауæн равдыста адæм цы уавæрты цæрынц, уый. Уæвгæ, «Узæлд» -ы цæрджытæн ис хорз уавæртæ, æххæст сты алцæмæй дæр. Интернаты разамынд æмæ æппæт кусджытæ сын лæвар кæнынц сæ уды хъарм. Ис сæм курдиæттæ дæр. Интернаты цæрджыты фæнды арæхдæр цæуын спектакльтæм, концерттæм, архайын горæты культурон царды. Дзæуджыхъæуы администрацийы сæргълæууæг сын зæрдæ бавæрдта, сæ бæллиц сын кæй сæххæст кæндзæн, уымæй, эпидемиологон уавæр куыддӕр фæхуыздæр уа, афтӕ. Уæдæ интернат «Узæлд» -ы цæрджытæ дæр Милдзыхты Вячеславæн ракодтой Ног азы арфæтæ. Поэт Евгений Александров та йын балæвар кодта йе 'мдзæвгæты 'мбырдгонд. Горæтмæ уарзондзинады тыххæй та бакасти цалдæр поэтикон рæнхъы. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv