Республикæйы дарддæр æнтысджынæй æххæст кæнынц газ уадзыны программæ
Цæрджытæн сæ зæххыты арæнты онг газ лæвар уыдзыны программæмæ гæсгæ Цæгат Ирыстон ис раззагдæрты 'хсæн. Ацы хъуаддаг у лæвар. Уæдæ æххуысæй спайда кæнын дæр зын нæу - дзуапдæттæг куыстуатмæ курдиат бадæтт æмæ специалисттæм банхъæлмæ кæс. Сæ зæххы хæйтты онг газ лæвар бауагътой республикæйы сæдæгай бинонтæ. Сабайты Асланы хохы хæдзар рагæй хъуыди. Дæ алфамбылай цымыдисаг æрдз, уæлдæф та — сыгъдæг. Хъобаны зæххы хай балхæнын йæ къухы бафтыд афæдз размæ. Сфæнд кодта бассейн саразын, сценæ сæвæрын æмæ æхсызгон улæфтæн уавæртæ скæнын. Фæлæ куыд рабæрæг, афтæмæй цæрæнбынатмæ газ уагъд нæ уыд. Курдиат бадæттын æнцон у. Хъæуы бацæуын Газпром, кæнæ бирæвæрсыг центрмæ, науæд та паддзахадон лæггæдты порталы курдиат ныууадзын, паспорт, регистрацийы æвдисæн æмæ хицæн фæдзæхстадон номыр фæнысан кæнгæйæ. Ацы æххуысы фæрæзæй æгас бæстæйы спайда кодтой мингай адæм. Зæххы хæйтты онг газ уадзыны бæрæггæнæнтæм гæсгæ, Цæгат Ирыстон ис раззагдæрты 'хсæн. Раздæр æм цæрджытæ се 'ргом не здæхтой. Сæ хæдзæрттæм газ бауадзæн ис, уый бирæты нæ уырныдта, уæлдайдæр та — лæвар. Фæлæ рæстæг цыд æмæ проект йæ хъомыс равдыста. Курдиæтты нымæц та афæдзæй-афæдзмæ фылдæр кæны. Зæгъæм, 2021 азы æххуысмæ фæсидтысты 400 адæймаджы, абон та — 2 минæй фылдæр. Козаты Алан, "Газпром межрегионгаз Владикавказ"-ы генералон директор: "Нæ размæ нын цы хæстæ сæвæрдтой, уыдон сæххæст кæндзыстæм. Нæ коллективы фæллой кæны 2 мин адæймагæй фылдæр. Нæ куыстуат у республикæйы егъаудæртæй иу. Уый фæдыл нæм куыстытæ бакæнынмæ ис куыд тыхтæ, афтæ фæрæзтæ дæр. Санкцитæ нæ нæ бахъыгдардзысты, уымæн æмæ, газ уадзгæйæ, пайда кæнæм нæхи бæстæйы уагъд ифтонггæрзтæй". Зæххы хайы æмæ хæдзары мидæг куыстытæн та хъæуы бафидын. Фæлæ ам дæр цæрджытæм æххуысы къух бадардтой. Льготæ кæмæн æмбæлы, уыцы цæрджыты хицæн категоритæн снысан кодтой сæрмагонд субсиди. Æмæ ацы гæнæнтæй дæр ныридæгæн бирæтæ спайда кодтой.