Цæгат Ирыстоны 3 аг хатт æрдзмæ рауагътой сындзгæрчыты

2 тыс. подписчиков

12+
12+

9 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

9 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

9 лет назад

Цæгат Ирыстоны 3-аг хатт æрдзмæ рауагътой сындзгæрчыты. Уыцы хъуыдагæн хуымæтæг нысан нæй. Арæзт æрцыд æрдзы хъæздыгдзинад фæфылдæр кæнын æмæ маргъæн йæ хуыз Ирыстоны ма фесафынæн. Ахæм нысанимæ сæ Цæгат Ирыстоны федералон цуанæтты хæдзарад æрвылаз æрдзмæ рауадзынц. Кæм амбæхстысты сæ ног цæрæнбынаты сындзгæрчытæ æмæ куыд сæ зæрдæмæ фæцыд? Сындзгæрчыты аивдзинад кæй зæрдæмæ цæуы, ахæм адæм бирæ сты. Фæлæ ацы маргъы мыггагæй æрдзы хъæбысы уыйас дзæвгар нал баззад. Уый хъуыдыйаг у. Цæмæй бынтон сæ уидаг ма сыскъуына, уый тыххæй Цæгат Ирыстоны цуанæтты хæдзарад аразы алыхуызон мадзæлттæ. Ацы хатт æрдзмæ рауагътой 50 сындзгарчы. Цуанæтты хæдзарады сæргълæууæг Созанаты Цæра куыд зæгъы, афтæмæй нæ сомбоны сывæллæттæ ацы рæсугъд хъæддаг кæрчытæм нывтæм хъуамæ ма кæсой. Цæгат Кавказы сындзгæрчыты парк ис Бехъаны. Æрдзмæ сæ ауадзынц алы аз дæр. Фарон æмæ иннæ азты мæргътæ сæрибардзинад федтой Заманхъулы, Дайраны комы, Æрыдоны æмæ ма Алагиры бынмæ. Куырттаты комы сæ ауадзын Цæрайæн йæ бæллиц уыд. Ныр ын сæххæст. Сындзгæрчыты уæз æдæппæтæй у 2 киллограммы, йæ буары дæргъ та 90 сантиметрмæ ввахс. Нæл сындзгарк йæ аив æмкъаимæ абаргæйæ бæзæрхыгдæр у. Уæдæ йæ уæлæдарæс дæр хуырмæ цæхæртæ тынгдæр калы. Фыццаг бакастæй кæрæдзийæ тынг хицæн кæнынц. Фæлæ алы цуаноны дæр, уырыссаг æмбисондау, сындзгарк кæм æмбæхсы, уый зонын фæнды. Æрмæст мадæл мæргътыл цуан кæнын нæма `мбæлы, æмæ уый хъуамæ адæм сæ зæрдыл дарой. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Цæгат Ирыстоны 3 аг хатт æрдзмæ рауагътой сындзгæрчыты

Категория:

Новости и СМИ