Национ чиныгдоны кадджын уавæры байгом ирон музыкæйы бындурæвæрæг Галаты Барисы куыстыты равдыст

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

4 года назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

4 года назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

2 просмотра

4 года назад

Партитурæтæ, нотæтæ, программæтæ, афишæтæ æмæ ноджы æндæр æрмæджытæ та ногæй аив рæнхъытæй фенæн ис Национ библиотекæйы. Алы æрмæг дæр дзы у Галаты Барис, Аслан-Герийы удуæлдай куысты æвдисæн. Йæ æрмæджытæ йын хъахъхъæнынц сæрмагонд фонды. Афæдзæй-афæдзмæ хъæздыгдæр кæнынц. Ацы аз дæр та фонды æвæрæнтимæ базонгæ уыдзæн бирæ адæм. Мадзал бабæрæг кодтой Донецкæй уазджытæ. Бæлвырддæр нæ дарддæры æрмæджы. Галаты Алыксандры фырт Барис зындгонд у, куыд музыкæиртасæг, æхсæнадон архайæг, дирижер æмæ ахуыргæнæг. Ныффыста бирæ вокалон-инструменталон уацмыстæ, ирон музыкалон фольклоры бындурыл зарджытæ. Цæсты гагуыйау сæ хъахъхъæны композиторы сæрмагонд фонды разамонæг Лиана Гаглойтэ. Йæ уацмыстæй иуæн та ацы аз у юбилейон. Галаты Барис аивады дæснытæн ссис дæнцæгæн хæссинаг. Йæ уацмыстæм гæсгæ рæзт Æлборты Феликс æмæ Хаханты Дудары курдиат. Культурæйы кусджыты хъуыдымæ гæсгæ Галаты Барисы ном хъуамæ мыггагмæ цæра. Йæ номыл хъуамæ уа музыкалон уагдæттæ, музейтæ, йæ ном хæссой Ирыстоны уынгтæ. Галаты Барис ирон музыкалон культурæйы къæбицмæ бахаста тынг ахсджиаг бавæрд. Йе сфæлдыстады тематикæ уыд алыхуызон. Дзырдæн, йæ музыкæйæ саив кодта адæмæн уарзон киноныв «Фатимæ». Ныффыста оперæ «Нарты Батрадз» æмæ æндæр цымыдисаг уацмыстæ. Мадзалмæ сæмбæлдысты, Галаты Барисы уацмыстæ æгæрон патриотизмы æнкъарæнтæй кæй схъæздыг кодтой, æмæ йын йæ удуæлдай куыстæн стыр аргъ чи кæны, уыдон. Ирон национ культурæйы бындурæвæрæг аивады йæ фыццаг къахдзæфтæ кæнын райдыдта Черноярская станицæйы. Фыццаг музыкалон скъола дæр ам фæзынд Барисы фыды фыд Захары фæрцы. Барис сабийæ нырмæ æнгом баст уыдис аивадимæ. Музыкалон уагдоны ныр дæр цæсгомджынæй æххæст кæнынц сæ зындгонд æмбæстæгты ныстуантæ. Сæ хъомыладон куысты сын у дæнцæг, уæдæ йе`нæмæлгæ уацмысты фæрцы та æрыгон фæсивæды æфтауынц национ музыкæйыл. Равдысты сæрмагонд уазджытæ — Донецкы минæвæрттæ. Галаты Лианæйы хъуыдымæ гæсгæ, культурæ кæддæриддæр уыд адæмтæ иугæнæг. Аивады æгæрон тых кæддæриддæр уыд адæмы ныфсыл ныфс æфтауæг. Уæлахизмæ разæнгардгæнæг. Мадзал æххæст уыд кафт æмæ зардæй дæр, фенæн дзы уыд кинонывтæ, опереттæтæ æмæ ма æндæр æрмæджытæ. Ирон аивады æрфытæ æххæстæй кæй фæнды банкъарын, уыдонæн сæ бон у равдыстмæ æрбацæуын. Ахæсдзæн мæй. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv