Сергей Меняйло сарæзта терроризмы ныхмæ къамисы æмбырд

Информацион тыгъдады неонацистон фæзындтæ ма æруазын, артаджы-энергетикон комплексы, донæфсисады æмæ донуадзыны объекттæ терроризмæй бахъахъхъæныныл ныхас цыд терроризмы ныхмæ къамисы æмбырды. Амыдта йæ регионы сæргълæууæг Сергей Меняйло. Терроризмимæ баст æвирхъау цаутимæ тох кæнынæн бæстæйы нысангонд æрцыд комплексон пълан. Республикæйы сæргълæууæджы æххуысгæнæг Олег Баранов куыд фехъусын кодта, афтæмæй æппæтадæмон террористон организациты архайд Уæрæсейы кæй сарæх ис, уый тыххæй хъæуы профилактикон мадзæлттæ æххæст кæнын. Республикæйы ацы архайд æнтыстджынæй цæуы. Цæрджыты терроризмимæ баст хъуыддæгтæй бахъахъæныны нысанимæ æмархайд кæнынц хицауады уæнгтæ, политикон æмæ дины организацитæ. Æвирхъау цаутæ информацион тыгъдады ма руадзыны тыххæй фæсивæды социализацийы центры кусы информацион æдасдзинады хайад. Йæ специалисттæ æппынæдзух Интернеты кæсынц æмæ иртасынц закъоны ныхмæ æрмæджытæ. Уыцы иу рæстæг фæсивæды зонындзинæдтæ фылдæр кæнынц, амонынц сын куыд ахсджиаг у райгуырæн бæстæйы истори зонын. Артаг æмæ энергетикон комплекс бахъахъхъæнынæн цы мадзæлттæ арæзт цæуы, уыдоны тыххæй æмбырды радзырдта дзуапдæттæг министр Таматы Майрæн. Йæ ныхæстæм гæсгæ, объекттæ ифтонггонд сты видеоцæстдарды ситемæтæй, инженерон-техникон хъахъхъæнынады гæрзтæй. Министр куыд фæнысан кодта, афтæмæй куыстуæтты разамонджытæ æппынæдзух архайынц техникон системæты модернизацийыл æмæ объектты хъахъхъæнынадыл.

Иконка канала IRYSTONTV
1 456 подписчиков
12+
15 просмотров
2 года назад

, чтобы оставлять комментарии