Физкультурæйы урок
Паддзахадон Думæйы депутат, олимпаг хъæзтыты 3 хатты чемпион Таймазты Артур æмæ Цæгат Ирыстоны Парламенты депутат, олимпаг чемпион Хуыгаты Алан физкультурæйы урок скодтой социалон уагдæтты хъомылгæнинæгтæн. Ныртæккæ фæсивæд сæ фæллад уадзынц Тæмисчъы сывæллæты реабилитацион центры. Уроккы фæстæ фæсивæдæн фадат уыд зындгонд спортсментимæ аныхас кæнынæн, æмæ сæм фæрстытæ раттынæн. Чемпионтæ сын радзырдтой, се спортивон фæндагыл куыд ацыдысты, уый тыххæй. Сæ фыццаг уæлахизты æмæ сын æнæниз цардыуаг цы пайда дæтты, уыдæтты тыххæй дæр. Æппæтадæмон акци «Зарядка со звездой» арæзт æрцыд Уæрæсейы 20 регионы. Афтæмæй æххæстгонд цæуы парти «Иугонд Уæрæсе»-йы фарсхæцджыты «Граждайнаг хъæппæристæн æххуысы Центр»-ы æмæ хæрзаудæн фонд «ДаДобро»-йы проект. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Физкультурæйы урок
Категория:
Новости и СМИ