Æдасдзинады тыххæй
«Сæрдыгон бонты улæфæн бынæттæм хъуамæ сæрмагонд цæстдард уа», - бадомдта Дзæуджыхъæуы администрацийы сæргълæууæг Æлбегаты Барис. Ацы æмæ æндæр фарстатæм æркастысты Дзæуджыхъæуы хайæдтты разамонджытимæ æмбырды. Хайæдты æмæ управлениты разамонджытæ се ппæты базонгæ кодтой сæ бæрны цы ведомствтæ ис, уыдоны куыстимæ. Радзырдтой сын цы бантыст, уый тыххæй. Æлбегаты Барис сын сæ размæ сæвæрдта бæлвырд хæстæ. Фыццаджыдæр улæфæн бынæттæ, парктæ æмæ сквертæ джыбыты æмæ саскы ныхмæ хъæугæ хостæй бапырх кæнын. Уымæй уæлдай ма Æлбегаты Барис управлениты разамонджыты размæ сæвæрдтæ ног хæстæ æмæ сæ сæххæст кæнынæн радта бæлвырд æмгъуыд. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Æдасдзинады тыххæй
Категория:
Новости и СМИ