Цæгат Ирыстоны зоологтæ пайда кæнынц æмбæхст хуызисæн аппараттæй

Саг уа, бирæгъ æви зыгъарæг, сырд йæ алы фезмæлды рæстæг дæр къамисæн къæппæгмæ бахауы. Скæныц йын 1-2 хуызисты, дарддæр 20 секунды видео ныффыссы. Уымæ бакæсгæйæ, цæрæгойты уавæр чи базоны, ахæм зоологтæ Цæгат Ирыстоны æрмæст дыууæ сты. Сæ иу Дзуццаты Зауырбег. Камерæтæ сæвæры хъахъхъæд бынæтты хъæдты. Ныртæккæ йын сты 40-мæ ввахс. Фылдæр сисынц æрсыты къамтæ. Фæлæ æнарæхст сырдимæ фембæлды фæстæ аппарат арæх æнæхъæнæй нал баззайы. Фæлæ камерæйæн йæ бынат ивæн нæй. Хъуамæ алы цæрæгой, чысыл уа æви стыр, кадрмæ бахауа. Наукон кусæг æй фæзоны, къамисæн къæппæгмæ фылдæр сырдтæ кæй бахаудзысты, уый. Бынат снысан кæнынц GPS-координаттæм гæсгæ. Фæзуатмæ рухс æгæр бирæ ма кæлæд, æндæр иннæ æууæлтæ техникæйы руаджы снывыл кæнæн ис. Камерæтæ сты æрдзы хуыз æмæ сырдтæм сæ "цæст" дарынц, хъæды цæрджыты æнæ бахъыгдаргæйæ. Уый хыгъд аппарат алы змæлдмæ дæр нæ скусы, зæгъæм, къалиуты змæлдмæ. Китайаг техникæйæн йæ бон у кусын афæдзы онг. Цъæйы фæдзæхст бынаты, Цæгат Ирыстоны заповедникы æмæ Национ парк «Алани»-йы сæ пайда кæнынц 2014-æм азæй. Уæд сæ кастысты æрмæст сырх чиныгмæ хаст хъæддаг галтæм. Æмæ кæд къамисæн къæппæджытæ сырдты тыххæй дæр асæттынц, уæддæр сæйрагдæр зианхæсджытæ сты браконьертæ. Техникæ адавынц, кæнæ та – хъæугæ информацийы гигабайттæ. Æрмæст фарон адавтой æртæ аппараты. Камерæтæ цы æрмæг систой, уымæ зоолог æркæсы афæдз дыууæ хатты: фæззæг æмæ уалдзæджы. Науæд зымæгон митыл уагъд фæдтæ браконьерты зынаргъ техникæмæ æрбакæнынц. Къухы бафтыд сисын æппæт цæрæгойты дæр. Æрмæст Цæгат Ирыстоны символ раззагазиаг леопард кадрмæ нæ бахауд. Фæлæ йæ сисын Дзуццаты Зауырбæджы къухы хъуамæ, æнæмæнг, бафта. Архивы къамтæ равæрынц социалон хызæгты дæр. Алы къам æмæ видеойыл дæр ис, цы бон ист у æмæ цафон, уый тыххæй фыст.

Иконка канала IRYSTONTV
1 461 подписчик
12+
14 просмотров
3 года назад

, чтобы оставлять комментарии