Дзæуджыхъæуы 7-æм скъолайы сбæрæг кодтой ирон æвзаг æмæ литературæйы бон
Дзæуджыхъæуы 7-æм скъолайы сбæрæг кодтой ирон æвзаг æмæ литературæйы бон
Сæрмагонд гæххæттыл фæдзæхст — мадæлон æвзаг уарзын æмæ йын аргъ кæнын. Ахæм хуызы абон 7-æм скъолайы æмбæлыдысты сæ уазджытæ, ахуырдзаутæ æмæ ахуыргæнджытыл. Скъолайы бахизæны ма ирон адæмы культурæ æмæ æгъдæуттæн æвдисæнтæ - æрвылбон цы дзауматæй пайда кодтой, ахæмтæ. Фæсивæд ууыл æрлæууынмæ нæ хъавыдысты. Бæрæгбоны куыд æмбæлы, афтæ æрыгон адæм сарæзтой хъазт. Мадæлон æвзагæн кад æмæ аргъ кæнын. Ууыл сабиты ам ахуыр кæнынц æрвылбон. Йæ зонындзинæдтæ сывæллæттæн чи не 'вгъау кæны, уыдонæй иу Габуты Маринæ. Йæ уроктæ фылдæр хатт саразы диалоджы хуызы. Æрмæст афтæмæй ис сцымыдис кæнæн сабиты, зæгъы фæлтæрдджын ахуыргæнæг. Габуты Маринæ нын куыд нын радзырдта, афтæмæй фыццаг хатт скъоламæ æрбацыд практикон ахуырты рæстæг. Сывæллæтты æмæ йæ дæсныйд афтæ тынг бауарзта æмæ сын ныр 30 азы удуæлдайæ лæггад кæны. Уæвгæ, сывæллæттæ дæр сæ ахуыргæнæгмæ къаддæр нæ фенхъæлмæ кæсынц. Фæзонынц æй, алы урок дæр сæм ногдзинадтæ кæй æнхъæлмæ кæсы. Габуты Маринæ куыд зæгъы, афтæмæй, абон, мадæлон æвзаг парахат кæнын фылдæр аразгæ у сывæллон цы бинонты хъомыл кæны, уыдонæй. Фæлæ уæддæр ирон æвзаджы ахуыргæнджытыл дæр къаддæр хæстæ æвæрд нæй. Маринæйæн мадæлон æвзагмæ уарзондзинад гуырын кæнын йæ райрæзтыл кусын æнтысгæ дæр кæны. Ууыл дзурæг та у ацы аз ирон æвзаг æмæ литературæйы æркасты кæй фæуæлахиз ис, уый. Ирон æвзаг æмæ литературæйы бон снысан кодтой 2003-æм азы. Зæгъын хъæуы уый, æмæ афæдзæй-афæдзмæ мадæлон æвзаг бахъахъхъæныны фæдыл арæзт цæуынц алыхуызон мадзæлттæ. Рæзгæ фæлтæр та дзы æхсызгонæй архайы.