Мызуры цæрджыты сахатгай æнхъæлмæ кæсын бахъæуы тагъд медицинон æххуысмæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

3 просмотра

5 лет назад

Мызуры цæрджыты тагъд æххуысы къаретмæ фæхъæуы сахатгай æнхъæлмæ кæсын. Уымæн аххосаг медицинон хæдтулгæты артаг ныккæнынмæ шофырты бахъæуы Дзæуджыхъæумæ ацæуын. Уый та у 65 киллометры. Ахæм уавæр цæмæ сæвзæрд, уый базонынмæ Алагиры районмæ ацыдысты æппæтуæрæсеон адæмон фронты уæнгтæ. Фарста аиуварс кæныныл куыд архайынц, уый радзурдзæн Дзæдзойты Фатимæ. Мызуры артаджы фарста фæзынд æхсæз мæйы размæ. Тагъд медицинон æххуысы хæдтулгæтæ артагæй байдзаг кӕнынæн шофырты бахъæуы суанг Дзæуджыхъæумæ ацæуын. Уый аххосæй цæрджыты дохтырмæ æнхъæлмæ фæкæсынц сахатгай. Раздæр-иу тагъд æххуысы къаретты артаг ныккодтой Алагиры, фæлæ ныртæккæ артаджы станцæимæ сæ контракты æмгъуыд фæци. Медицинон кусджыты артаг ныккæнынæн бахъæуы 65 киллометры дарддæр ацæуын. Уый сын свæййы боны фаг. Афтæ дæр вæййы, æмæ дыууæ хатты дæр бахъæуы Дзæуджыхъæумæ цæуын. Ахæм уавæр æрæджы сæвзæрд Æрæфы районы дæр. Фарста аиуварс кæнын къухы бафтыд Æппæтуæрæсеон адæмон фронты руаджы. Ныр эксперттæ бабæрæг кодтой Мызур дæр. Мызуры тагъд æххуысы станцæйы ис æндæр райхалинаг фарстатæ дæр. Кусджытæм наркотикхæццæ хостæ сæрмагонд сейфты дарынæн лицензи нæй. Уый тыххæй дохтырты æрвылбон бахъæуы Районы рынчындонмæ цæуын. Ныртӕккӕ лицензи райсыны тыххæй тагъд æххуысы станцæйы кусджытæ сæ документтæ Æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрадмæ балæвæрдтой. Æппæтуæрæсеон адæмон фронты уæнгтæ зæрдæ бавæрдтой, ацы хъуыддагмæ дæр сæ хъус кæй дардзысты. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv