Дыгуры районы рынчындон бындуронӕй цалцӕг кӕнынц
Цалцæггонд бæстыхайыл ӕмӕ йӕ нырыккон уавæртыл тагъд цин кæндзысты Дыгуры районы цæрджытæ. Дигорайы рынчындон Ног азы бæрæгбæтты фæстæ байгом уыдзæн. Цæрджытæ ацы цаумæ рагæй æнхъæлмæ кастысты. Раздæр бæстыхай уыд заууат уавæры. Ныр та, федералон программæмæ гæсгæ, медицинон уагдоны цалцӕг фæхӕццӕ кæны кӕронмӕ. Сывæллæтты поликлиникæ Дыгуры районы сарæзтой 1986-æм азы. Уыди дзы терапия, гинекологи æмæ арæндон. 35 азмæ цалцæггонд никуы 'рцыди. Ацы аз майы цалцæггæнæн куыстытæм бавнæлдтой. Куыстытæ æххæст кæнынц программæ «Модернизация первичного звена здравоохранения»-мæ гæсгæ. Ныридæгæн ивд æрцыдысты æппæт инженерон коммуникацитæ æмæ бæстыхайы сæр. Кусджытæ ма кæнынц аивгæнæн куыстытæ. Куыстытæ æххæстгæнæг куыд зæгъы, афтæмæй объекты цæттæдзинад у 70%. Дарддæр саив кæндзысты корпусы æттаг бакаст æмæ йӕ алфамбылай. Цалцæггæнæн куыстытæ хъуамæ фæуой 15-æм декабрмӕ. Афтæмæй ног азы райдиан поликлиникæ кусын райдайдзæн. Бæстыхайы æрмæст сывæллæты поликлиникæ уыдзæн, æви йæм æппæт хайæдтæ дæр бафтаудзысты, уый ныртӕккӕ бæрæг нæма у. Дзæдзойты Фатимæ _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv