Ахсджиаг фарстатæ
Цæгат Ирыстоны сарæзтой æхсæнадон æххуысгæнджыты цæдис республикæйы сæргълæууæджы цур. Уый тыххæй фехъусын кодта Битарты Вячеслав мунципалон скондты разамонджытимæ фембæлды. Уыцы æххуысгæнджытæ уыдзысты алы хъæуы дæр. Фæнд кæнынц, цæмæй алы мæй дæр æмбырд кæной æмæ иумæ лыггæнинаг фарстатыл кусой. Цæдисы разамонæг сси Таучелаты Константин. Битарты Вячеслав ма куыд загъта, афтæмæй Уæрæсейы президенты хъæппæрисæй, тагъд рæстæг хъæуты равзардзысты хистæрты. Уыдон уал фыццаг сæхи фæлвардзысты æххуысгæнджытæй, стæй та хъæуы старостотæй. Иннæ фарста - муниципалитетты æхцайы гæнæнтæ. Нæ республикæйы финансты министры фыццаг хæдивæг Дзæгъойты Алан куыд загъта, афтæмæй зæххыты хаццоны фиддонтæ иууылдæр республикæмæ нæ хæццæ кæнынц. Битарты Вячеслав бабар кодта, кусæг къамис саразын æмæ сæрмагонд басгæрстытæ сæххæст кæнын. Æмбырды ма дзырдтой уæлæмхасæн профилон ахуырады тыххæй. Куыст дæттыны комитеты сæрдары хæстæ æххæстгæнæджы хъуыдымæ гæсгæ, ныртæккæ Цæгат Ирыстоны 1275 куысты бынаты ис. Афтæмæй адæм хъаст кæнынц, куыст сын кæй нæй, уый тыххæй. Фарон сæрмагонд ахуыртæм арвыстой 651 адæймаджы. Бахардз сыл кодтой 7 милуан сомы. Дæсныйæдтæ æвзæрстой адæм сæхæдæг. Сæ фылдæр, рæсугъдзинадыл цы къабæзтæ кусынц, уыдон. Чи цæуыл ахуыр кодта, уыдонæн та сæ фæндзæм хай хи дæсныйадыл нæ ацыд. Битарты Вячеслав ахæм бæрæггæнæнтæй разыйæ нæ баззад. Куыд загъта, афтæмæй ацы хъуыддаджы ахсджиаг у районты сæргълæуджытимæ æмæ амалхъом адæймæгтимæ æмгуыст кæнын. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Ахсджиаг фарстатæ
Категория:
Новости и СМИ