Мысæн бон
Дзæуджыхъæуы æрымысыдысты 19 азы размæ нæ горæты сæйраг базары теракты чи бацарæфтыд, уыдоны. Цау æрцыд 19 мартъийы 1999 азы. Сихорæй, базары бирæ адæм куы уыд, уыцы рæстæг. Срæмыгъды фæмард 52 адæймаджы, 200 та дзы фесты уæззау цæфтæ.Теракт саразыныл бацархайдтой æртæ фыдгæнæджы: Адам Цуров, Абдурахман Хутиев æмæ Махмуд Темирбиев. Æртæйæн дæр судгонд æрцыд. Сæрмагонд уавæртимæ ахастоны фæбаддзысты цæрæнботы. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Мысæн бон
Категория:
Новости и СМИ