Октябрскæйы ссыгъд дыууæуæладзыгон, астфатерон хæдзар
Æвæстиатæй бынатмæ ацыдысты Æнæнхъæлæджы уавæрты управленийы зынгхуыссынгæнджытæ. Адæмæй хъыгдард баййæфтой 5-æй. Аластой сæ Республикон клиникон рынчындонмæ. Ныртæккæ бынаты кусынц сгарджытæ. Æдæппæтæй зынг хуыссын кодтой 14 ирвæзынгæнæджы æмæ сæрмагонд техникæйы 5 иуæджы. Зынгсирвæзты хъыгдард чи баййæфта, уыдоны `хсæн ис дыууæ сывæллоны - 10-мæйдзыд æмæ 12-аздзыд. Цæфтæй дыууæйæ сты уæззау уавæры. Иу дзы ныртæккæ ис реанимацийы. Йæ рæуджытæ кусынц сæрмагонд техникæйы руаджы. Дæсмæйдзыд сывæллонæн та йæ буар тынг басыгъд. Йæ цардыл тох кæнынц дохтыртæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Октябрскæйы ссыгъд дыууæуæладзыгон, астфатерон хæдзар
Категория:
Новости и СМИ