Дзæуджыхъæуы Кировы номыл уынджы цы фонтан ис, уый багом кæндзысты 1 июны
Уый тыйххæ хъусын кæныныц Дзæуджыхъæуы администарцийы. Арæзтадон куыстытæ цæуынц фонтаны алфамблай дæр. Ныридæгæн кусджытæ слæгъз кодтой фæз. Фæндаджы был сæвæрдтой къæйдуртæ. Айстой фонтаны цы бындур сысзгæ ис, уыцы хай. Рухсы системæ дæр конд цæуы. Цалцæг кæныны фæткмæ гæсгæ, фонтаны системæйыл хъуамæ бакуса сæрмагонд специалистты къорд, æндæр регионæй. Уыдон ын фæнд кæнынц йе`ддаг бакаст æндæр хуызон скæнын. Йæ бакомкоммæ, къулыл цы нывæфтыд ис, уый дæр сног кæндзысты. Алы варс бадæн бынæттæ сæвæрдзысты. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, Кировы номыл уынджы цы фонтан ис уый цалцæг кæнын райдыдтой майы 2018 азы. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Дзæуджыхъæуы Кировы номыл уынджы цы фонтан ис, уый багом кæндзысты 1 июны
Категория:
Новости и СМИ