Сабиты циæн
Дзæуджыхъæуы сывæллæтты хæдзар «Хуры-тын»-ы райдыдтой Ног азы бæрæгбæттæ. Сывæллæттæм уазæгуаты æрбацыдысты компани «Комплексные системы безопасности»-йы минæвæрттæ. Уыдон сывæллæттæн фæдыл сарæзтой акци. Æрбахуыдтой сæм Митын Дадайы дæр. Сывæллæттæн бæрæгбон сæ зæрдæмæ фæцыд. Уыдон сæхæдæгдæр уазджытæн бацæттæ кодтой æмдзæвгæтæ, кæфтытæ æмæ зарджытæ. Ацы организацийымæ Сывæллæтты хæдзар «Хуры тын» рагæй зонгæ у. Æрæджы сын сæ бæстыхайы сæвæрдтой зынгсирвæзты ныхмæ тохгæнæг фæрæзтæ. «Ацы аз нын ахæм акци фыццаг хатт сарæзтой. Абон нæм уазæгуаты æрбацыдысты Митын Дада æмæ Митæ. Сывæллæттæ тынг разыйæ баззадысты. Сæ цинæн кæрон нæ уыд. Мах се`рбацыдмæ нæхи бацæттæ кодтам. Зарыдыстæм, кафыдыстæм», — сывæллæтты хæдзар «Хуры тын»-ы разамонæджы хæдивæг Джизæлаты Эльвирæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Сабиты циæн
Категория:
Новости и СМИ