Экологон фарстатæ
Дзæуджыхъæуы сарæзтой региналон экологон конференци. Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты ЮНЕСКО-йы залы æрæмбырд сты хицауад, æхсæнадон æмæ экологон организациты минæвæрттæ, стæй нæ республикæйы уæлдæр ахуыргæнæндæтты студенттæ. ЦИПУ-йы ректор Огъуаты Алан æмæ Уæрæсейы экологон æхсæнады сæрдар Рашид Исмаилов бафыстой æмгуыстады бадзырд. Амынд дзы куыд ис, афтæмæй сараздзысты зонадон-экспертон фæз Национ проект «Экология», зæгъгæ, ууыл бакусынæн. Рашил Исмаилов æмбырды архайджытæн радзырдта фидæны пълæнтты тыххæй æмæ, цы проекттыл бакусынвæнд кæнынц, уыдоныл. Æмбырды архайджытæ æрныхас кодтой ахсджиагдæр экологон фарстатыл. Уымæй уæлдай ма, Уæрæсейы экологон æхсæнад бафыста бадзырд Кавказы бархионты ресурсон центримæ. Уый руаджы фадат уыдзæн ахсджиагдæр экологон фарстатæм фæсивæды 'ргом аздахынæн. Æмбырд сарæзтой Уæрæсейы экологон æхсæнад æмæ Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты хъæппæрисæй. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Экологон фарстатæ
Категория:
Новости и СМИ