Дзæуджыхъæуы ацыд Цæгат Ирыстоны чемпионат мотокроссæй
Зын трассæ, цæхгæрмæ фæзилæнтæ, уӕлахизмӕ тырнынад. Цæгат Ирыстон æрымбырд кодта мотоспорты архайджыты. Спортсментæ равдыстой сæ арæхстдзинад. Турниры архайдтой 50 адæймагæй фылдæр. Чи разынд цырддæр, уый базыдта нæ уацхæссæг Гæззаты Зæринæ. Олег Щербаев мотоциклыл дугъты архайы 40 азæй фылдæр. Рамбылдта бирæ турниртæ. Йæ къухы бафтыд спорты дæсны суæвын. Ацы спорты хуызы райрæзтыл кусы йæ райгуырæн горæт Сочийы. Фæсивæды разæнгард кæны ерсты архайынмæ. Сочийы у автомотоспорты федерацийы сæрдар. Олег йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй ныртӕккӕ йæхæдæг йæ æфсæйнаг æфсургъыл афтæ арæх нал фæбады. Фæлæ Цæгат Ирыстоны ерыстæм ссӕуын банымадта йæ хæсыл. Турниры архайдтой 50 адæймагæй фылдæр. Адих сæ кодтой 11 къордыл. Æппæты кæстæрыл цæуы 8 азы. Мадзалы архайджытæ — Цæгат Кавказы федералон зылды минæвæрттæ. Се 'хсæн спорты дæснытæ æмæ Уæрæсейы уæлахиздзаутæ. Фæткмæ гæсгæ алы дугъ дæр цæуы 12 минуты. Уыцы рæстæгмæ ерысгæнæджы хъæуы, гӕнӕн цас ис, уыййас фылдæр ӕмӕ хуыздæр дæрддзæг рацæуын. Дзæуджыхъæуы æрвылаз дæр расидынц федералон æмæ республикон турниртæ. Ам ис цымыдиссаг æмæ цæхгæр фæзилæнтимæ трассæ. Ацы аз ерысты æрымысыдысты Ирыстоны хъæбатырты рухс нæмттæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv