Цæгат Ирыстоны æрцахстой мæнг æхцайы купюрæтæ, рæмудзæн æрмæг æмæ джынасу чи парахат кодта, уыдоны

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

Цæгат Ирыстоны æрцахстой мæнг æхцайы купюрæтæ, рæмудзæн æрмæг æмæ джынасу чи парахат кодта, уыдоны. Знагадгæнджыты рабæрæг кодтой нæ бæстæйы уголовон агуырды сæйраг управлени, мидхъуыддæгты министрады гæртæмттæ исыны ныхмæ экономикон æдасдзинады сæйраг управленийы æххуысæй. Цæстфæлдахджыты ма аххосджын кæнынц хæцæнгарз æнæзакъонæй зилдух кæныны хъуыддагæй. Сгарæн-агурæн мадзæлтты рæстæг куыд сбæрæг, афтæмæй пъæлицæйæгтæ афойнадыл базыдтой фыдгæнджыты къорды архайджыты тыххæй æппæт информаци. Барадхъахъхъæнджыты ныхæстæм гæсгæ, æнæзакъон митæн разамынд лæвæрдта Дзæуджыхъæуы цæрæг. Гæды митыл бафтыдта суанг хиуæтты æмæ хæстæджыты. Пъæлицæйæгтæ къорды архайджыты æрцахстой мæнг æхца 1 милуан сомы, 140 грамм æфсæйнаг джынасу æмæ Калашниковы автомат уæй кæнынмæ куы хъавыдысты,афтæмæй. Уый фæдыл Уæрæсейы Федерацийы Уголовон Кодексы 186, 234 æмæ 222 статьятæм гæсгæ 5 законхалæджы ныхмæ байгом кодтой «Мæнг æхцайы купюрæты зилдух», «Æнæниздзинадæн зианхæссæг буаргъдтæ парахатт кæнын», уыимæ «Хæцæнгарзы æнæзакъон зилдух»-ы тыххæй уголовон хъуыддæгтæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Цæгат Ирыстоны æрцахстой мæнг æхцайы купюрæтæ, рæмудзæн æрмæг æмæ джынасу чи парахат кодта, уыдоны

Категория:

Новости и СМИ