Динты æхсæн æппæтадæмон фæсивæдон форумы фæлгæты сарæзтой конференци

Хæрзæгъдаудзинады фарстатыл Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты студенттимæ ныхас кодтой республикæйы дины минæвæрттæ. Дзæуджыхъæуккаг æмæ Алайнаг алчыр Герасим æмæ муфтий Гуæцæлты Хадзымурат радзырдтой, хæрзæгъдаудзинад æмæ уды хæзнаты историон рæзты тыххæй. Стæй ма æрлæууыдысты, уыцы хъуыддаджы бинонтæ цы бынат ахсынц, уыцы фарстайыл дæр. Мадзалы ма бацархайдта нæ республикæйы сæргълæууæг æмæ хицауады администрацийы разамонæг Гобеты Ибрагим, Национ политикæ æмæ æддагон бастдзинæдты министр Бæгъиаты Алан, Цæгат Ирыстоны æхсæнадон палатæйы сæрдар Нина Чиплакова стæй профессортæ æмæ наукæты доктортæ. Конференци сарæзтой динты æхсæн æппæтадæмон фæсивæдон форумы фæлгæты. Уый цæуы Уæрæсейы 53 координацион центры 1-æмæй 15-æм октябрмæ. 15 мин студентæй фылдæрæй архайынц тымбыл стъолты æмбырдты, лекцитæ æмæ семинарты. Мадзалы сæйраг нысан у – нæ бæстæйы фæлгонц куыд традицитæ, культурæ æмæ хæрзæгъдаудзинады хæзнатæ хъахъхъæнæджы аразӕг.

Иконка канала IRYSTONTV
1 463 подписчика
12+
25 просмотров
3 года назад

, чтобы оставлять комментарии