Сфæлдыстадон лаборотори
«Сфæлдыстадон лаборатори», зæгъгæ, афтæ хуынд нæ республикæйы аивæдты колледж æмæ Краснодары культурæйы институты студентты фембæлд. Фыццæгæм æмæ цыппæрæм курсы ахуырдзаутæ сæ зонындзинæдтæ фæуæрæх кодтой, кæрæдзийы фæлтæрддзинадимæ базонгæ сты. Фæлвæрдтой сæхи уырыссаг æмæ ирон сценикон ныхасы, актеры дæсныйады æмæ сценæйыл куыд архайын хъæуы, ууыл. Дыууæ ахуыргæнæндоны рагæй æмгуыст кæнынц. Студенттæн арæх саразынц мастер-класстæ, бацæттæ сæ кæнынц иумæйаг паддзахадон фæлварæнмæ. Ахуыргæнæндон каст куы фæуой, уæд та сын раттынц рекомендацион фыстæг, цæмæй æнцонтæй уæлдæр къæпхæнтæм хизой. Ацы хатт фембæлды уазæг уыд Кубаны аивæдты сгуыхт архайæг Олег Марков. Амыдта, цы дæсныйадыл хæст сты, уымæн йæ сусæгдзинæдтæ, стæй бæрæг кодта студентты арæхстдзинад. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Сфæлдыстадон лаборотори
Категория:
Новости и СМИ