Чи хуыздæр?
Дзæуджыхъæуы æвзæрстой кæртыты *хсæн хуыздæр футболон командæ. Турнир арæзт уыд парти "Иугонд Уæрæсе"-йы проекты фæлгæты. Бон раздæр турнир сарæзтой 34-æм микрорайоны. Акци арæзт вæййы æрвылаз сæрды кæрон. Ацы хатт ерысты архайдтой 16 командæйы. Æрыгон футболисттыл 14 азы онг цæуы. Уыимæ лæппуты æмрæнхъ хъазыдысты чызджытæ дæр. Мадзал аразджыты ныхæстæм гæсгæ, турниры сæйраг хæс у сывæллæтты спортмæ сæ гыццылæй фæстæмæ æмхиц кæнын. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, ахæм ерыстæ вæййынц республикæйы æппæт районты дæр. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Чи хуыздæр?
Категория:
Новости и СМИ