Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты æрныхас кодтой экологи бахъахъхъæныны тыххæй
Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты æрныхас кодтой æрдз бахъахъхъæныны æмæ сыгъдæг энергийæ пайда кæнынмæ рахизыны тыххæй. Семинар сбастой фæлхасгæнджыты бартæ хъахъхъæныны æппæтдунеон бонимæ. Фæлхасгæнджыты бартæм цæстдарды управленийы акцийы нысан у цæрджыты æнæниздзинадмæ уæлдай бæстондæрæй æркæсын. Æрдзæн тæссаг цæмæй у, уый адæймагыл дæр æвзæрырдæм ахады. Специалистты ныхæстæм гæсгæ, вазыгджын у экологи æмæ æрдзыл ауæрдын. Æмбырды тематикон докладтæ бакастысты университеты экологон змæлд «SANSARA»-йы архайджытæ. Студенттæ ныридæгæн æрдзхъахъхъæнынадимæ баст цалдæр проекты æнтыстджынæй сарæзтой. Зæгъæм, университеты хауæтдзæгтæ æмæ бырон цавæртæ сты, уымæ гæсгæ дихгондæй æмбырд кæнынц.