Абхазы æвзарынц республикæйы президенты
Кадджын бæрæгбон канд Хуссар Ирыстоны нæ бæрæг кæнынц абон. 11 азы размæ Уæрæсе хæдбарыл банымадта Абхазы дæр. Республикæйы цæрджытæ иу æмæ дыууæ хатты нæ сагъæс кодтой ууыл. Уый фæдыл арæзтой референдум дæр. Йæ бæрæггæнæнтæ куыд равдыстой, афтæмæй 97%-æй фылдæр Абхазы цæрджытæй хæдбардзинады фарс хæцынц. Æмæ кæд хæдбардзинады фæндагыл 2000-æм азы æрлæууыдысты, уæддæр дунейы бæстæтæ ацы хъуыддагмæ 2008-æм азы аздæхтой се‘ргом. Уæдæй нырмæ алы аз дæр ацы бон Абхазы æнæ бæрæггондæй нæ ахицæн вæййы. Бæрæгбоны кадджын мадзæлтты бацархайынц республикæйы цæрджытæ иууылдæр. Абон, фæткмæ гæсгæ, райдыдтой номарæн мадзалæй. Абхазы фыццаг президенты мемориалы цурмæ адæм хастой дидинджытæ. Æрымысыдысты республикæйы сæраппод йæ цард чи радта, уыцы хъахъхъæнджыты нæмттæ дæр. Кадджын мадзæлтты архайдтой Хуссар Ирыстоны æмæ Донецкы адæмон респбуликæйы минæвæрттæ. Уæлдай ахсджиаг ма уымæй у, æмæ Хæдбардзинадæй уæлдай ма Абхазы цæуынц хъæлæскæныны бонтæ. Абхазы æвзарынц ног президенты. Ныридæгæн уал ахицæн æвзæрстыты фыццаг къæпхæн. Схъæлæс дзы кодтой цæрджыты 50%-æй фылдæр. Нысангонд бæрæггæнæнæй ахызтызты. Центрон æвзарæн къамисы сæрдар Тамаз Гогияйы ныхæстæм гæсгæ, уый æнтыстдзинадыл нымад у. Президенты бынат бацахсын фæнд кæнынц 9 кандидаты. Се‘хсæн - Абхазы ныртæккæйы сæргълæууæг Рауль Хаджимба æмæ республикæйы паддзахадон æдасдзинады службæйы раздæры сæрдар Астамур Тарба. Фыццаг къæпхæн ахизынæн æмæ дыккагмæ рацæуынæн кандидатты хъæуы, æвзæрстытæм чи æрбацыд, уыдоны хъæлæсты ‘рдæг. Бæрæггæнæнтæм гæсгæ, æвзæрстыты дыккаг къæпхæнмæ рахызтысты Абхазы президент æмæ оппозицион партийы разамонæг Алхас Квициния. Ууыл схъæлæс кодтой 21% фылдæр. Рауль Хаджимбайыл та - 23%-æй фылдæр. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Абхазы æвзарынц республикæйы президенты
Категория:
Новости и СМИ