Кучиты Зауыры снысан кодтой Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæджы цур амалхъомты барты фæдыл æххæстбарджынæй
Кучиты Зауыры снысан кодтой Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæджы цур амалхъомты барты фæдыл æххæстбарджынæй. Уый тыххæй хъусын кæны республикæйы сæргълæууæг æмæ хицауады пресс-службæ. Сæрмагонд указ бафыста регионы разамонæг Сергей Меняйло. Ацы куысты бынаты баивта Медойты Тимуры. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, Кучийы фырт экономикон рæзты министры бынаты уыд 2021-æм азы октябрæй нырмæ.