Тускъаты Таймураз сарæзта æмбырд Кировы районы
Цæгат Ирыстоны хицауады сæрдар Тускъаты Таймураз сарæзта æмбырд Кировы районы. Админстрацийы сæргълæууæг Батяты Хъазыбег радзырдта районы социалон-экономикон рæзты тыххæй. Бацæттæ кодта сæрмагонд доклад. Уым фæнысан кодта, цы ахсджиаг социалон объекттæ аразынц нæ респуцбликæйы, уый. Цæгат Ирыстоны æнтысджынæй архайы федералон программæты. Уыдоны фæлгæты, 2018 азы Елхотты байгом кодтой ног скъола. 360 бынатимæ. Ахæм ахуыргæнæндон ма фæнд кæнынц 2021 азы дæр саразын Змейкæйы станицæйы. Уым сараздзысты скъола 550 бынатимæ. Даркъохы та сараздзысты скъола 229 бынатимæ. Змейкæйы, Кæрдзыны æмæ Комсомольскийы хъæуы та раивдзысты заууат уавæрмæ чи æрцыдысты, ахæм коммуникацитæ. 60 километры хæтæлтæ. Æмбырды куыд фæбæрæг кодтой, афтæмæй уæлдай æргом районы здахынц хъæууон хæдзары куыстмæ. Фæнд кæнынц саразын дыргътæ æвæрæн. 10 мин тонны дзы куыд цæуа, афтæ. Йæ проект ын ныридæгæн цæттæ кæнынц. Схардз ыл кæндзысты 1 миллиард сомæй фылдæр. Уымæй уæлдай ма фæнд кæнынц кæсаджы куыст чи кæндзæн ахæм куыстуат. Уый тыххæй æхцайы фæрæзтæ хъæуы 300 милуан сомы. Ахæм куыстуат Санкт Петербурджы компани байгом кодта Æрыдоны районы. 20 гектары радих кæндзысты фæдаджы хæдзарады рæзтæн. Сараздзысты хæдтулгæтæн æрлæууæн бынат. Уыимæ хъæугæ инфрастурктурæ дæр. Экономикон рæзты министры хæдивæг Дзоблаты Зауырбег куыд загъта, афтæмæй уыцы проекттæн æнæмæнг хъæуы паддзахадон æххуыс. Хъæугæ гæххæтытæ бацæттæ кæнынæн ныртæккæ æххуыс кæны профилон миинстрад. Проекттæм йæ ргом здахы Цæгат Кавказы хъуыддæгты фæдыл министрад дæр. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Тускъаты Таймураз сарæзта æмбырд Кировы районы
Категория:
Новости и СМИ